Фыццаг декабрæй скусдзæни цъæх паспортæй цы хонынц, уыцы бæрæггæххæт
Фыццаг декабрæй скусдзæн «цæъх паспортæй» цы хонынц, уый, – райхъусын кодта Гуырдзыстоны премьер-министр Ираклий Гъарибашвили хицауады администрацийы лæвæрд брифингыл.
Йæ ныхæстæм гæсгæ, зæгъгæ гоймагæн ис цæъх статус, кæд æмæ уый дыууæхаттонæй вакцинацигонд у, 72 сахаты размæ сарызта «PCR» тест, 24 сахаты размæ антигены тест, кæнæ та снæниз ис коронавирусæй.
«Фыццаг декабрæй скусдзæни а.х. цæъх паспорты концепци æмæ апарахат уыдзæн йæ ареал. Цы нысан кæны цъæх паспорт. Гоймагæн уыдзæн цъæх статус, кæд æмæ уый дыууæхаттонæй вакцинацигонд у, 72 сахаты размæ сарызта «PCR» тест, 24 сахаты размæ антигены тест, кæнæ та снæниз ис коронавирусæй.
Фæнды ма æмбарынгæнæн раттын, уыдис хъуыды, цæмæй коронавирусæй снæнизуæвджытыл уыдаит æхсæзмæййон арæнæвæрд, фæлæ мæ рекомендаци уыд, цæмæй йæ аивдтаиккам æмæ æхсæнуагдонон координацион советы ме нхъарæнимæ сразы ис. Уый тыххæй цæх статус уыдзæн гоймагæн, кæцы сæнæниз ис коронавирусæй инфицирады фæстæ. Цъæх статус йæ тыхы уыдзæнис 18 аздзыд карæй хистæрдæр æмбæстæгтæн, афтæма туристтæн.
Нæ советы уынаффæйæ, æмбæстæгтæн æрмæстдæр цъæх паспорты принципæй уыдзæн бар бацæуын æндæр æмæ æндæр объекттæм. Адон сты хæрæндæттæ, ивхæрсæн центртæ, кинотеатртæ, оперæ, музейтæ, концертон залтæ æмæ а.д. Афтæма уын зæгъдзынæн, цæмæй фæнысангонд æркуырд ахæлиу уыдзæн æрмæст объектты уазджытыл, фæлæ нæ хауы уым кусæг адæймæгтæм», – райхъусын кодта Ираклий Гъарибашвили.