Фыццаг мартæй социалон æххуысы исæг кусынхъом уæнгтæн, æхсæнадон фæллойады куыстраттыны масштабон программæ райдайдзæн
Фыццаг мартæй райдайдзæн социалон æххуысы исæг кусынхъомадцух уæнгтæн ориентацигонд куыстдæттыны активон политикæ, æхсæнадон куыстытыл фæллой кæнны масштабон программæ, – уый фæдыл Гуырдзыстоны премьекр-министр, Ираклий Гъарибашвили хицауады рабадтыл райхъусын кодта.
Йæ ныхæстæм гæсгæ, æхсæнадон куысты тыххæй социалон æххуыс нæ аскъуындзысты. Гъарибашвилийы фидиуæнæй, зæгъгæ программæйы хайадисæгы бинонтæн 4 азы дæргъы уыдзæн лæвæрд æххуыс.
Афтæма йæ æмбарынгæнæнмæ гæсгæйæ, 600 мин социалонæй æнæхъахъхъæд æмбæстагæй, 200 мин кусынхъом æмбæстæгты фæнды легалонæй кусын.
«Кæй зæгъын æй хъæуы, хъуамæ баххуыс уæм социалонæй æнæхъахъхъæд карджынтæн, сывæллæттæн, амалхъомдзинад цух уæнгтæн, æххуыс кæмæн хъæуы алкæмæн, фæлæ кусынхъом адæймæгты хъæуы æххуыс нæ фæлæ, куыст раттын, сызмæлын кæнын, сæрмагонд тыхты реализаци. Алкæцы бинонты фарнæн, бæстæйы размæцыдæн, æнæмæнгхъæугæу, цæмæй кусынхъом æмбæстæгтæ баиу уой экономикон процессты», – райхъусын кодта Гъарибашвили.
Афтæма йæ æмбарынгæнæнмæ гæсгæйæ, æхсæнадон куыстыты нысанон къордæн сæрздзæни æмæ сын ахæм куыст уыдзæн, кæцыйы сыххæст кæнын йæ бон уыдзæн алкæмæн.
«Программæйæ пайда кæндзысты 18 аздзыд карæй пенсион кары онг социалонæй æххуыс исæг кусынхъом уæнгтæ, кæцытæн нæй амалхъомдзинад цух уæнгы статус кæнæ сын нæй æнæниздзинадимæ баст проблемæтæ. Нæ прогнозæй, æмтгæй райсгæйæ куыстуат лæвæрд уыдзæн 200 минæй фылдæр адæймагæн. Фæнды мæ банысан кæнын, цæмæй æхсæнадон куысты тыххæй социалон æххуыс нæ аскуындзысты. Программæйы баст уæнгы бинонтæн 4 азы дæргъы удызæн лæвæрд социалон æххуыс. Уыцы æххуыс, кæцыйы исынц, исдзысты дарддæр 4 азы дæргъы, уымæ мах нæ бавналдзыстæм. Программæйы баст алы æмбæстагмæ лæвæрд уыдзæн уæлæмхасæй 300 лари», – райхъусын кодта Ираклий Гъарибашвили.