Футбол | Фыццаг Къаналы Гуырдзыстон æмæ Германийы U-21 æмбырдгондты фембæлд #1TVSPORT
Футбол | Фыццаг Къаналы Гуырдзыстон æмæ Германийы U-21 æмбырдгондты фембæлд #1TVSPORT

Гуырдзыстоны 21 азы онг кары футболон командæ немыцаг коллегæты фысым кæндзæн Европæйы чемпионаты æвзарæн матчы 18-æм ноябры Михеил Месхийы стадионы – хъазт 21:00 сахатыл райдайдзæн, комкоммæ æвдыст та Гуырдзыстоны Фыццаг Къанал æххæст кæндзæн.

Цыппар туры фæстæ, Гуырдзыстоны фæсивæдон къорд 5 очкойæ цыппæрæм бынатыл ис, йæ ныры ныхмæлæууæгæн та 9 очко ис æмæ турнирон таблицæйы дыккаг бынат ахсы.

Нæуæз къорды уæлахиздзаутæ æмæ иу хуыздæр дыккаг бынат бацахсджытæ комкоммæ ахиздзысты 21 азы онг Европæйы чемпионаты кæронбæттæн этапмæ.