Францы парламентон æвзæрстыты фæуæлахиз ис галиуты альянс, дыккаг бынат ахсы Эмануэл Макроны коалици, æрмæст æртыккаг бынатыл та ис Марин Ле Пены ультрарахиз «Националон Иугонд»
Францы мидхъуыддæгты министрад æвзæрстыты фæстиуджытæ публикаци скодта.
Бæрæг куыд кæны афтæмæй, парламенты сеппæтæй фылдæр бынæтттæ, галиуты альянс «Ног Фронт» райста, кæцы 182 мандаты бæрц у. Дыккаг бынатыл ис бæстæйы президнты Эмануэл Макроны коалици 163 бынатимæ, æрмæст æртыккаг бынатыл та Марин Ле Пены ултрарахизты «Националон Иугонд», кæцымæ 143 мандат ис.
Фæстагмæ бæрæг ссис, цæмæй абсолютон фылдæры хайы, кæцыйæн 289 мандат хъæуы, иунæг парти дæр нæ райста.