Францы фæсарæн хъуыддæгты министрад - сидæм Уæрæсемæ æххæстæй сæххæст кæна 2008 азы 12 августы æмæ 8 сентябры райсгæ хæслæвæрдтæ
Сидæм Уæрæсемæ æххæстæй сæххæст кæна 2008 азы 12 августы æмæ 8 сентябры райсгæ хæслæвæрдтæ – ис фыст Францы æттаг хъуыдтæгты министрады расидæны, кæцыйы Гуырдзыстоны Францы минæварад парахат кæны.
Расидæны куыд банысангонд у афтæмæй, Франц ноджы иу хатт бæлвырд кæны бæстæйы суверенитет æмæ территорион æнæхъæндзинадæн йæ хæс.
«Уæрæсейы Гуырдзыстоны ныхмæ агрессийы фæстæ æвддæс азы фæстæ, Франц ноджы иу хатт бæлвырд кæны йæ æххæст фарсылхæцындзинад Гуырдзыстоны суверенитет æмæ территорион æнæхъæндзинадæн йæ æппæтдунеонæй нымад арæнты фæлгæтты.Франц банысан кæны, цæмæй Абхазийы æмæ Хуссар Ирыстоны оккупацигонд сепаратистон регионты хæдæсидгæ хицауады иувæрсыг банымад, ацы регионты милитаризаци æвзæрын кодта цæлхдуртæ се ‘хсæн ахастыты фæндагыл æмæ Гуырдзыстоны иннæ хай сты æнæрайсгæ æхсæнадæмон барады хæлд.
Франц сиды Уæрæсемæ, цæмæй æххæстæй сæххæст кæна 2008 азы 12 августы æмæ 8 сентябры райсгæ хæслæвæрдтæ. Франц ма ноджы иу хатт бæлвырд кæны йæ фарсылхæцындзинад Женевæйы Æхсæнадæмон Дискусситы (ÆÆД) платформæйæн, кæцыйы æмсæрдар сты Евроцæдис, ЕÆÆО æмæ Иугонд Нациты Организаци. Æрмæстдæр ацы ныхасы фæлгæттæ фадат ратдзысты фарсытæн иумæйаг æскъуыддзагыл бакусынæн. Бантысын.
Европаг партнертимæ иумæ, Франц дарддæр кæндзæн йæ фарсылхæцындзинад Гуырдзыстоны Европæйы цæстдарæг миссийы (EUMM) æмæ Хуссар Кавказы æмæ Гуырдзыстоны кризисы фæдыл Евроцæдисы сæрмагонд минæвары куыстæн. Афтæ дæр адарддæр кæндзæн Гуырдзыстоны суверенитетæн æмæ йæ адæмы европон æмæ демокративон бæллицтæн фарсылхæцындзинад» -ис фыст Францы æттаг хъуыдтæгты министрады расидæны.