Францы фæсарæн хъуыддæгты министр хъусын кæны, цæмæй Европæйы бæстæтæ АИШ-æн бавдыстой сæ «сырх хаххытæ» Украинайы хæсты фæурæды тыххæй ныхасы рæстæджы
Францы æттаг хъуыдтæгты министр Жан-Нуэль Барро сиды, цæмæй Европайы бæстæтæ сæ «сырх хаххытæ» АИШ-æн бавдыстой Украинайы хæсты фæурæды тыххæй бадзырдты. Reuters-ы информацийæ, уый фæдыл Францы бæрзонд дипломат Franceinfo-имæ интервьюйы рæстæджы фæныхас кодта.
Жан-Ноэль Барройы ныхæстæм гæсгæ, Лондоны плангонд æхсты фæурæды бадзырдтæ уыдзысты фадат украинаг æмæ европæйаг фарсытæн ноджы иу хатт сбæлвырд кæной сæ æнхъарæнтæ æмæ «сырх хаххытæ».
“Нæ иунæг нысан, кæцы нæ тыхсын кæны, у бахъахъхъæнын францаг адæмы интерестæ æмæ Европæ æмæ Францы æдасдзинад. Уый тыххæй дæр, кæд æмæ АИШ рахаста уынаффæ йæхимæ райсын медиаторы роль, мах сын хъусын кæнæм нæ сырх хаххытæ, цæуыл нæ бахаудзыстæм компромисс”, – загъта Барро.