Финляндийы фæсарæн хъуыддæгты министр- Финлянди фауы Атъоцы хъæуы аразгæ барьерты сæвæрд
Финлянди фауы Карелы районы цæугæ аразгæ барьерты сæвæрды процесс афтæ, куыд райздæр уый æнгæс разындты Гуырдзыстоны æндæр территорийыл – уый фæдыл Тимо Сойни Хельсинкийы Гуырдзыстоны фæсарæн хъуыддæгты министримæ иумæйагæй уагъд пресс-конференци йыл райхъусын кодта.
«Ацы аз нысан цæуы Уæрæсе-Гуырдзыстоны хæсты 10 азы сæр. Фæнды мæ ноджы иу хатт сбæлвырд кæнын Финляндийы æнæфæцудгæ æнцойад Гуырдзыстоны суверенитет æмæ территорион æнæхъæндзинадæн æмæ равдисон ФИнляндийы солидарондзинад Гуырдзыстонæн æмæ гуырдзиаг адæмæн. Мах фауæм фæстаг периоды Карелы районы цæугæ аразгæ барьерты сæвæрды процесс афтæ куыд, уый æнгæс фæзындты Гуырдзыстоны æндæр территорийыл» – райхъусын кодта Тимо Сойни.
Финляндийы æддагполитикъон уагдоны къухдариуæггæнæг бахахх кодта Евроцæдисы мониторингы миссийы куысты нысаниуæг бынатыл æмæ ацы æрдгæй ФФинялндийы бастдзинад процессы. Йæ фидиуæнæй Гуырдзыстоны проблемæтаикæ активонæй лæууы Евроцæдисы боны фæткы æмæ евроцæдис иууон у Гуырдзыстоны суверенитет æмæ территорион æнæхъæндзинадæн фарсхæцыны.
«ХЪуамæ банысанæуа уый æмæ фæстаг периоды Гуырдзыстон стыр прогрессмæ æрхæццæ мидæгон проблемæты цæстæнгасæй, æмæ уæм æз сидын, адларддæр кæнут ай процесстæ, кæцы уыдзæн фарны æрхæссæг, куыд уæ цæрджытæн, афтæдæр уæ тырнынадтæн Европаг æмæ Евроатлантикон структурæтæм» – райхъусын кодта Финляндийы фæсарæн хъуыддæгты министр.
Гуырдзыстоны фæсарæн хъуыддæгты министр йæхи æрдгæй бузныг расидтис Финляндийæн Гуырдзыстоны суверенитет æмæ территорион æнæхъæндзинадæн æнæфæцудгæ фарсхæцыны тыххæй æмæ сæрмагондæй банысан кодта Финляндийы фæсарæн хъуыддæгты министры Уæрæсе-Гуырдзыстоны хæсты 10 азы сæры фæдыл равдыст æргом фарсхæцын.
Давид Залкалиани банысан кодта Финляндийы нысаниуæгджын контрибуци Евроцæдисы мониторингы миссийы кæцы йæ ныхасмæ гæсгæ, иунæг æхсæнадæмон миссий у бьынатыл æмæ нысаниуæгджын роль æххæст кæны фæдылдзог эскалацийы превенцийы æмæ бынатыл уæвæг уавæры фæдыл объективон информаци ахæлиуы.
Гуырдзыстоны фæсарæн хъуыддæгты министр ноджы иу хатт бахахх кодта Гуырдзыстоны хицауады конфликты срегулир кæныны сабырадон политикъæ æмæ фæныхас кодта инициативæйыл «Къахдзæф хуыздæр фидæны æрдæм»-ы тыххæй, кæцыйæн йæ сæйраг нысан у, оккупацион хаххы иннæ рдгæй цæрæг æмбæстæгтæн уыцы пайдайы æмæ прогрессы фæхай кæнын, кæцы Гуырдзыстонæн æрхаста евроинтеграцийы процесс.