Financial Times кæсджытæн рекомендаци кæны Гуырдзыстонмæ абалц кæнын
Financial Times кæсджытæн рекомендаци кæны Гуырдзыстонмæ абалц кæнын

Стыр Британийæ Гуырдзыстонмæ ног рейсты снысан кæныны фæдыл æндæвдадджын бритайнаг рауагъдад Financial Times фыссы. Публикацийы информацийæ, easyJet æмæ British Airways ацы аз Лондонæй Тбилисмæ рейстæ райдайдзысты.

“EasyJet атæхдзæн Тбилисмæ апрелæй. Ныры онг EasyJet-ы иууыл даргъдæр рейс скæсæнырдæм уыд Лондоны Лутоны аэропортæй Женевæ æмæ Миланмæ”. Уæдмæ та Британийы авиакомпани Лондоны Хитроуы аэропортæй Тбилисмæ рейстæ дæр сног кæндзæн. Авиакомпани Тбилисмæ фæстаг рейс сарæзта 2013 азы. «Ацы рæстæгмæ Стыр Британи æмæ Гуырдзыстоны æхсæн комкоммæ авиакомпани нæй», – фыссы «Файнанс Таймс».

Статьяйы автор кæсджытæн рекомендаци кæны Гуырдзыстоны цымыдисон туристон бынæттæм бабæрæг кæнын.

«Гуырдзыстонмæ балцы цæугæйæ, уæ бон у базонын бæстæйы зæрдæмæдзæугæ сæйраг горæт, стæй хæххон районтæ Казбеги æмæ Сванеты», — фыссы «Файнанс Таймс».

Уый фæдыл информаци Гуырдзыстоны националон туризмы администраци парахат кæны.