«Financial Times» - Дональд Трампы цымыдис кодта Владимир Зеленскийы «уæлахизы планы» дыууæ пунктæй
«Financial Times» - Дональд Трампы цымыдис кодта Владимир Зеленскийы «уæлахизы планы» дыууæ пунктæй

Владимир Зеленскийы «уæлахизы планы» дыууæ пункт Дональд Трампы интерес сцырын кодта – уый фæдыл фыссы Financial Times.

Статьяйы куыд банысангонд у афтæмæй, АИШ-ы æвзæрст президент, Дональд Трамп, сентябры мæйы Украинæйы президент Владимир Зеленскийимæ фембæлды рæстæджы, йæ «уæлахизы планы» дыууæ пунктмæ цымыдисдзинад расидтис.

Уыдонæй иу йæ зæрдыл дары, хæсты фæуды фæстæ, Европæйы дислокацигонд АИШ-ы æфсæддонты хай украинаг æфсæддонтæй баивын.

Дыккаг фæндон, кæцыйы фыццаг раразмæ кодта республикаг сенатор Линдси Грэм, Дональд Трампы æмцæдисон, хауы Украинæйы ахсджиаг æрдзон ресурстæ ныгуылæйнаг партнертимæ дих кæнынмæ.

«Финанс Таймс» куыд фыссы афтæмæй, информиргонд истæгыл бындурæвæрдæй, фембæлды фæстæ, Дональд Трамп равдыста «цымыдисдзинад» ацы дыууæ пунктмæ.

Статьяйы ма банысангонд у, цæмæй украинаг бизнес-лидертæ бадзырдтæ кæнынц хицауадимæ, цæмæй Дональд Трампæн раттой «инвестицион скринингы» æххæстбартæ, кæцытæ йын фадат ратдзысты эффективонæй равзарын, чи йæ бон у бизнес кæна бæстæйы.