Филлип Рикер – Байден-Харрисы администрацийæн Гуырдзыстон у сæйраг стратегион партнер Хуссар Кавказы
Байден-Харрисы администрацийæн Гуырдзыстон у сæйраг стратегион партнер Хуссар Кавказы æмæ тынг нысаниуæгджын партнер Сау Денджызы регионы – уый фæдыл Европæ æмæ Евразийы фарстæты АИШ-ы падзахадон нымæрдары æххуысгæнæджы хæстæ æххæстгæнæг Филлип Рикер Гуырдзыстоны премьер-министр Ираклий Гъарибашвилиимæ фембæлды фæстæ пресс-конференцийыл райхъусын кодта.
Афтæма йæ ныхæстæм гæсгæ, зæгъгæ АИШ-æ Гуырдзыстонæн æххуыс кæны, йæ фарс хæцы бæстæйы суверенитет æмæ территорион æнæхъæндзинадæн, йæ æхсæнадæмонæй нымад арæнты, афтæма фауы Уæрæсейы æрдгæй Гуырдзыстоны территориты оккупаци.
«Мæ визиты æрвитæггаг у уый, цæмæй ифтонггонд уа Гуырдзыстоны æнтыст куыд тынггонд, æдас демократи. Иттæг нысаниуæгджын у ацы контексты 19 апрелы бадзырды сыххæст, кæцы æххæссы æвзарæнон æмæ тæрхонон реформæтæм» – загъта Филлип Рикер.
Афтæма йæ ныхæстæм гæсгæ, Гуырдзыстоны премьер-мпинистримæ, хъахъхъæнынады æмæ фæсарæн хъуыддæгты министртимæ фембæлдыл, хъусдард зæгъгæ здæхта бæстæйы демократон институтты стынг кæнынмæ.
«Сæрмагондæй та ацы уавæры, «Ковидæй» расайгæ уавæр куы ис, экономикон проблемæтæ æмæ цæй зæгъын æй хъæуыУæрæсейы æрдгæй Гуырдзыстоны регионты оккупаци. Фембæлдыл хицауады минæвæрттæн бакой кодтон æмæ фæстæдæр оппозициимæ куы фембæлдзынæн, уыдонæн дæр бакой кæндзынæн, цæмæй компромис у кæцы фæнды демокративон рæзынады æнæмæнгхъæугæ хай. Уæлдайдæр ахæм бирæпартион æмæ бирæхуызон бæстæйы, цахæм дæр у Гуырдзыстон.
Цæй зæгъын æй хъæуы, ме рвитæггаг у уый, цæмæй АИШ лæууы Гуырдзыстонæн йæ фарсмæ, æнцой дары бæстæйы суверенитет æмæ территорион æнæхъæндзинадæн йæ æхсæнадæмонæй нымад арæнты æмæ цæй зæгъын æй хъæуы, фауы Уæрæсейы æрдгæй Гуырдзыстоны территориты оккупаци» – райхъусын кодта Филлип Рикер.