Фигурон бырын -| Инга Гургенидзейы æнтыстджын дебют Гран Прийы фæстаг этапыл#1TVSPORT
Фигурон бырын -| Инга Гургенидзейы æнтыстджын дебют Гран Прийы фæстаг этапыл#1TVSPORT

Фæцис  юниор чызджыты  æхсæн  Гран Прийы  фæстаг, æхсæзæм  этап фигурон бырыны, кæцыйæн фысым кодта  италиаг горæт  Эгна.  Масштабон  турнир  37  бæстæйы  44  спортсмен  иста  хайад.

Инга Гургенидзе,  кæцыйæн  ацы  сезон уыд дебютон, нысаниуæгджын  æнтыстмæ æрцыд.  Гуырдзиаг чызг  иттæг вазыгджын   элементтæй  дыууæ программæ  равдыста, 190.52  æмтгæйон  баллимæ æртыккаг бынат   бацахста æмæ бронзæ майдан рамбылдта. Банысанкæнинаг у уый, цæмæй  Инга Гургенидзе  Европæйы  минæвæртты æхсæн  сеппæтæй бæрзонддæр фæстиуæг  равдыста, куыд цыбыр, афтæ   уæгъдибар программæйæ.