«Фейсбук»-ы администраци, «Гуырдзиаг Марш» æмæ йæ фæсивæдон организациимæ баст профайлтæ æмæ веб-фарсытæ схафта
«Фейсбук»-ы администраци, «Гуырдзиаг Марш» æмæ йæ фæсивæдон организациимæ баст профайлтæ æмæ веб-фарсытæ схафта

Социалон хызаг  «Фейсбук»-ы   администраци, «Гуырдзиаг Марш» æмæ  йæ  фæсивæдон   къалиуимæ баст   профайлтæ  æмæ  веб-фарсытæ схафта.

Компани «Фейсбукы»   хъусинагæй,   марты  Гуырдзыстонæй   схафтой  «Фейсбукы» 23 профайл, 12   къорд æмæ   «Инстаграммы»  11  профайл, кæцытæ  здæхт уыдысты  мид аудиторимæ.  Хыгъдон фарсытæ  социалон  хызагы администраци атлантикон советы   цифрон  ирæстыты лабораторийы   иртасджыты  хыгъдлæвæрдтæ  бацахуыры  бындурыл   схафта.

«Фейсбукы» администрацийы фæдагуырд сбæрæг кодта, фæнысангонд  варсыты  æмæ   профайлты   бастдзинад «Гуырдзиаг Марш»-имæ æмæ сæ  фæсивæдон организациимæ ассоциацигонд уæнгтимæ.

Марты компани «Фейсбук»   схафта   профайлтæ  æмæ фарсытæ  11  бæстæйæ,  сæ нымæцы   Албанийæ, иранæй, Испанийæ, Аргентинæйæ, Египетæй, Израилæй  æмæ  Мексикæйæ.