«Фейсбук» верификаци скодта мæнг ног уацты æргомгæнæг хицауады страткомы фарс
Хицауады администрацийы хъусинагæй, «Фейсбук» мæнг ног уацты æргомгæнæг хицауады страткомы фарс верификаци скодта.
«Гуырдзыстоны хицауад «Фейсбукы» фарс «Хицауады стратком» байгом кодта https://www.facebook.com/GovernmentStratCom/, кæцыйæн йæ нысан у медиафæрæзтæй æмæ социалон хызæгтæй ахæлиугонд мæнг ног уацты багæды кæнын æмæ стратегион коммуникациты фæдыл дзыллæйæн раст информаци бавдисын.
Фарс кусын цалдæр къуырийы размæ райдыдта æмæ рабæрæг кодта, куыд бæстæйы мидæг афтæ йæ арæнты æддæйæ æрцæттæгонд дезинформацион кампанитæ.
Фæнысанкæнинаг у, цæмæй хицауады с траткомы фейсбукфарсыл информаци пубьликаци кæнынц куыд гуырдзиаг – афтæ англисаг æвзагыл.
Æхсæнадæмон аудиторийæн афтæдæр арызт у «Твиттеры» англисагæвзагон канал – https://twitter.com/StratcomG,- банысангонд у хицауады администрацийы ахæлиугонд информацийы.