«Фейсбук» Уæрæсеимæ баст профайлтæ æмæ веб-фарсытæ схафта, кæцытæ публикаци кодтой æрмæджытæ æндæр æмæ æндæр æвзæгтыл, уый нымæцы гуырдзиагау дæр
Компани «Фейсбук» Уæрæсеимæ баст профайлтæ æмæ веб-фарсытæ схафта, кæцытæ æрмæджытæ æндæр æмæ æндæр æвзæгтыл, уый нымæцы гуырдзиагау дæр публикаци кодтой. Сæрмагондæй та, социалон хызаджы хыгъдлæвæрды банысангонд куыд у, афтæмæй, схафтой Уæрæсеимæ баст 46 фейсбук-фарсы, 91 профайлы æмæ дыууæ къорды, афтæдæр «Инстаграммы» иу профайл.
«Фейсбукы» куырдиатæй, фæнысангонд фарсыты хызаг, информаци хæлиу кодта уырыссагау, англисагау, немыцагау, испайнагау, францагау, венгриагау, серьагау, гуырдзиагау, индонезиаг æмæ персаг æвзæгтыл æмæ фокусиргонд уыдис Дунейы бирæ регионыл.
«Фæдагуырд активондзинад сбаста бæрæг гоймæгтæимæ Уæрæсейы, Украинайы Донбасы регионы æмæ дыууæ медиаорганизациимæ Хъырымы – NewsFront æмæ SouthFront-имæ», – дзырдæуы компанийы куырдиаты.
Социалон хызаг апрелы æдæппæт «Фейсбукы» 732 профайлы, «инстаграммы» 162 профайлы, афтæдæр 793 фарсы æмæ 200 къорд схафта, сæ нымæцы Гуырдзыстонæй дæр.