Социалон хызаг «Фейсбук» бафтаудзæн онлайн магазины функци. Чысыл бизнес кæмæ ис уыдонæн сæрмагонд продукцийы реализаци скæнын сæ бон уыдзæн комкоммæ «Фейсбукы» фæрцы, æнæфидгæйæ.
Социалон хызаджы магазины функцийы бафтауын «Ковид-19»-ы пандемийы фæстиуæгæн сæвзæргæ экономикон хаудимæ у баст.
Уыйимæ иумæ, бавдыст каталогтæ «Инстаграммы», фæстæдæр та «Мессенджеры» æмæ «Вотсаппы» дæр разындзысты.