Федерика Моггерини - «Скæсæн Партнерад» райтынг кæнынæн, фылдæр саразын хъæуы
«Скæсæн Партнерад» райтынг кæнынæн, фылдæр саразын хъæуы – ахæм фидиуæн Люксембургы уагъд Евроцæдисы фæсарæн хъуыддæгты министериалы фæстæ, Евроцæдисы æддагполитикъон уагдоны къухдариуæггæнæг, Федерика Моггерини сарызта.
Афтæдæр йæ ныхæстæм гæсгæ, зæгъгæ министртæ абон ноджы иу хатт æркастысты «Скæсæн Партнерады» уæнг паддзахадты æнтыстытæ æмæ бахахх кодтой уыцы куыст, кæцы нырма саразинаг у.
«Министртимæ иумæ æркастыстæм «Скæсæн партнерады» юбилейон мадзæлттæ, кæцытæ зæрдæвæрæны Брюсселы ацæудзысты. Сæ нымæцы уыдзæн министрты фембæлд «Скæсæн Партнерады» программæйы хайадисæг æхсæз бæстæйы минæвæрттимæ. Абон афæлгæстам алы æнтыст æмæ позитивон райтынг, кæцы ис партнер бæстæты афтæдæр æруынаффæ кодтам уыцы куыстытыл кæцы нырма саразын хъæуы. 4-5 азы дæргъы мах нысаниуæгджын прогрессмæ æрцыдыстæм бирæ сферæты. Сæ нымæцы визон режимы фæмацы æмæ адæймæгты æхсæн контактты æрфидар æмæ рапарахат кæнын. Афтæма базарад, экономикон инвестицитæ. Бæрæг у цæмæй фылдæр саразын хъæуы, уый нымæцы хорз хицауиуæг райтынг кæнынæн, коррупциимæ тохы фæактивондæр кæнын æмæ барады сæйрагдзинад фæфидардæр кæнын. Уый æппæт сараздзыстæм нæ партнертимæ иумæ. Уынын цæмæй сæ алкæцы дæр архайы Евроцæдисимæ æрыввахс уын æмæ мах бабыхсдзыстæм, цæмæй сæ тырнынадыл æмбæлон энтузиазмæй амбæлæм» – райхъусын кодта Федерика Моггерини.