Федерика Моггерини – Евроцæдис раздæр куыд никуы абон афтæ йæ фарс хæцы Гуырдзыстоны территорийыл уæвæг конфликтты сабырадонæй аскуыддзагæн
Евроцæдис Уæрæсейы æрдгæй Гуырдзыстоны ныхмæ сæххæст агрессийæ 10 азы сæрмæ гæсгæ, хæлиу кæны деклараци.
Æдадсзинады æмæ æддæ политикæйы фарстыты Евроцæдисы бæрзонддæр минæвары, Федерика Моггеринийы номæй публикацигонд фидиуæны дзырдæуы, цæмæй Евроцæдис, абон афтæ раздæр куыд никуы уыдис, йæ фарс хæцы Гуырдзыстоны территорийыл уæвæг конфликтты сабырадон фæндагæй аскуыддзагæн.
«Евроцæдис йæ фарс хæцы Гуырдзыстоны суверенитет æмæ территорион æнæхъæндзинадæн, æхсæнадæмонæй разы арæнты фæлгæтты. Хъыгагæн Уæрæсейы æфсæддæтты уæвынæдæй Абхазы æмæ Хуссар Ирытсоны, дарддæр кæны æхсæнадæмон закъондæттынады хæлд æмæ уыцы хæсистыты ницæмæдард, кæцыты Уæрæсе йæхимæ райста 2008 азы 12 августы Евроцæдисы æхсæны бацыдæй къухбафыст бадзырдæй. Евроцæдис фæстæмæ баст у конфликты аскуыддзагы æрдæм тыхархайдты уый нымæцы Женевæйы дискусситыл, Евроцæдисы æмсæрдаримæ æмгуыстады фæндагæй. Ацы рæстæджы Гуырдзыстоны уæвы Евроцæдисы мониторингы миссий дæр», – дзырдæуы фидиуæны.
Уыйимæ иумæ Евроцæдис райы Гуырдзыстоны хицауады инициативæ «Къахдзæф Хуыздæр Фидæры æрдæм»-æй, кæцы пайдаджын уыдзæн оккупацион хаххы дыууæдæр фарсыл цæрæг æмбæстæгтæн.
Фидиуæны куыд дзырдæуы, афтæмæй, ахæм инициативæтæ æххæстæй æмбæлон сты Евроцæдисы политикæмæ, кæцыйы Брюссель Абхаз æмæ Цхинвалы регионы æрдæм уадзы.
Фидиуæны мидæг афтæдæр хаххгонд у, цæмæй Уæрæсейы агрессийæ 10 азон периоды дæргъы, Гуырдзыстоны фæтыыхджындæр кодта демокративон институтты æмæ закъоны сæйрагдзинады принципы фæфидардæр кæныны æрдæм реформæтæ, афтæдæр бахъом ис экономикон размæцыдмæ баххæссын æмæ инвестортæн æмæ туристтæн зæрдæмæдзæугæ ссис.
«Гуырдзыстон ерын у демократийы модел æмæ дæнцон æппæт регионæн», – дзырдæуы Евроцæдлисы фидиуæны.
Документы афтæдæр хаххгонд у, цæмæй фæстаг азты мидæг, Гуырдзыстон æмæ Евроцæдис æмгуыстад фæарфдæр кодтой. Уый нымæцы баххæст ис ассоциацидзинады бадзырд, кæцы æндавы, æппæтылæххæссæг æмæ сæрибар базарады бадзырдмæ, кæцы Евроцæдисы фидиуæнæй, Гуырдзыстонимæ фидæнон ахастытæ бæрæг кæны. Афтæдæр ныхас цæуы æнæвизæ змæлды бадзырд къухбафысты нысаниуæгыл.
«Евроцæдсиы æмгуыстад Гуырдзыстонимæ у æцæг партнерад, кæцы бындурæвæрд у политикон æмæ экономикон интеграцийыл, афтæдæр куыд нæ адæмты æхсæн хæларон ахастытыл», – дзырдæуы фидиуæны.