Федерика Моггерини - АИШ-æ, Иранимæ атомон бадзырдæй кæй фæхицæн ис уымæй, ацы бадзырды аивын йæ бон нæу
Евроцæдис цæттæ у, Иранимæ атомон бадзырды хъахъхъæдад срæвдз кæна, æнæкæсгæ уымæ, цæмæй АИШ-ы президент Дональд Трамп, фæнысангонд бадзырдæй рацыд – ацы фидиуæны æддæ политикæ æмæ æдадзсинады фарстыты Евроцæдисы иуыл бæрзонд минæвар Федерика Моггерини сарызта.
Йæ ныхæстæм гæсгæ, АИШ-æ, бадзырдæй кæй фæхицæн ис уымæй, ацы бадзырды аивын йæ бон нæу.
«Ай у дыууæфарсон бадзырд, ИНО-йы æдасдзинады советы резолюци æмæ уый æппæт дунейы сæрмагонд у» – загхта Федерика Моггерини.
15 майы Брюсселы Британийы, Францы, Германийы æмæ Ираны фæсарæн хъуыддæгты мнистрты фембæлд ацæудзæн. Сæ уынаффæйы сæйраг темæ уыдзæн Иранимæ атомон бадзырды фидæн.