«Файненшл Таймс» - Уæрæсейæ цæугæ тасæн цæмæй Гуырдзыстон йæ ныхмæ слæууа, уый тыххæй дзы Ныгуылæнæй фылдæр æфсæддон æххуыс домы
Уæрæсейæ цæугæ тасæн йæ ныхмæ слæууынæн, Гуырдзстон, Ныгуылæнæй фылдæр бæрцæй æфсæддон æххуыс домы – ахæм сæргондæй стати публикаци кæны, бритайнаг «Файненшл Таймс» . Публикацийы бавдыст у, Гуырдзыстоны фæсарæн хъуыддæгты министры, Давит Залкалианийы куырдиат, кæцымæ гæсгæйæ, «Уæрæсе тынгдæр кæны Сау Денджызы регионы стратегион контроль, кæцыйы дзуаппæн Ныгуылæн æфсæддон инвестицитæ хъуамæ фæфылдæр кæна».
Залкалианийы дзырдæй, зæгъгæ АИШы æмæ Евроцæдисы æрдгæй, «фылдæр хъусдард æмæ æмгуыстад хъæуы». Уый йæ хъусдард цырын кæны уыцы фактыл, цæмæй «Уæрæсе оккупацигонд территоритыл ракетæтæ æмæ радартæ æвæрын дарддæр кæны».
«Залкалианийы ацы куырдиатæй бæрæг у, цæмæй энергоресурстæй бонджын базарадон фæндæгтæн, кæцы Евроцæдисы уæнг дыууæ бæстæйы донбыл хахх асы æмæ иуы æрдгæй, Европæ Азиимæ, æрмæст иннæ рдгæй та Зæххастæу денджызбыл Æввахс Скæсæнимæ иу кæны, тох карз кæны» – фыссы «Файненшл Таймс».
Уый дæнцæн, рауагъдад æрхаста 2019 азы Гуырдзыстоны ныхмæ сæххæст киберлæбурд, кæцыйыл бæрн, АИШ-æ æм Иугонд Паддзахад сæвæрдтой Уæрæсейы спец-куыстытыл.
«Киберлæбурды фæдыл куырдиæттæ ахæлиуы размæ, «Файненшл Таймсимæ» интервьюйы, Гуырдзыстоны фæсарæн хъуыддæгты министр райхъусын кодта, цæмæй Уæрæсе зæгъгæ оккупацигонд Абхазы территоримæ æфсæддон техникæ æмæ амуници æрвиты» – фыссы рауагъдад.
«Стратегионæй, ацы регион æцæгæй дæр иттæг нысаниуæгджын у æмæ хъуаг у Евроцæдисы æмæ Ныгуылæйнаг партнерты хъусдардæй, кæцы æндæртæн дæтты фадат ацы хъуагдзинад баххæст кæной» – хъусын кæны Давит Залалиани.
Бритайнаг рауагъдадимæ ныхасы рæстæджы Залкалиани дзуры, цæмæй Уæрæсе оккупацигонд Абхазы сфидар кодта уæлдæфыныхмæ системæ С-300 æмæ радартæ, æрмæст анексиргонд Хъырымы та равæрдта иууыл ног С-400.
«Уымæй Уæрæсемæ æфты фадат, Сау Денджызы æппæт периметр, æмæ уымæй дард территоритæ дæр скантрол кæна» – хъусын кæны Гуырдзыстоны фæсарæн хъуыддæгты министр.
Афтæма йæ ныхæстæм гæсгæ, зæгъгæ «Гуырдзыстонæн æнæмæнгхъæугæ у фылдæр хъусдард æмæ æмгуыстад Евроцæдис æмæ НАТО-йы æмцæдисонтимæ, куыд политикон æмæ æфсæддон, афтæ социал-экономикон сферæты».
«Файненшл Таймс» банысан кодтой, цæмæй Хъырымы анексийы фæстæ Уæрæсе нысаниуæгджынæй райрæзын кодта Сау Денджызы флот, кæцы НАТО-йы басхуыста регионы патрулæй зылд интенсивон дæр скæнын. Статийы дзырдæуы, цæмæй Мæскуы афтæдæр фæтыхджын кодта æфсæддон минæварад Зæххастæу денджызбылы, Сирийы Башар Асады диктаторон режимæн æххуыс уæрæхдæр кæныны æмæ Ливимæ интервенцийы æмæ Халифа Афтарæн æххуысы фæрцы.