Фæстиуджытæй та алчидæр хъал хъуамæ уæм æмæ уый уыдзæн раст
Фæстиуджытæй  та  алчидæр хъал хъуамæ  уæм æмæ уый уыдзæн раст

Мæнæн кæддæриддæр  цин у Аджаримæ æрцæуын,  цы ран  кæддæриддæр рахатын  патриотон равг, фыдыбæстæйы уарзондзинад  æмæ сæрмагонд  пульс   –  уый фæдыл  Гуырдзыстоны премьер министр  Гиорги Квирикашвили, Батумы  «Гуырдзиаг Бæллицц-Демокративон Гуырдызстоны»  регионон  конференцийыл   дзырдæй  ралæуды рæстæджы   райхъусын кодта.

Гиорги  Квирикашвили  бузныг  загъта  конференцийы  хайадисджытæн æмæ банысан кодта, цæмæй  сæ хайбавæрд  бæстæйы   арæзтады процессы  иттæг нысаниуæгджын у.

Афтæдæр йæ ныхæстæм гæсгæ бæстæйы,   сеппæтæй  стыр  æнтыст, уыдис  адæймаджы барты  æмæ  сæрибар уавæры  сæвзæрын кæныны  æрдгæй.

«Абон нæ бæстæ  сæрыстыр кæй у –уый у раст, уымæн æмæ   бынтон æндæр æмвæзадыл  хъахъхæд сты адæймаджы бартæ, алкæцы  æмбæстагы  сæрмæмулкъы бар æмæ уыцы  зныггадгæнæг ппрактикæ,  кæцы нæ бæстæйы уыдис  2012 азы онг, абон  ничиуал  рахаты. Сегасæй ахсджиаг  ардæмадтæй, кæцыты дæр уыдис сеппæтæй  риссаг с æнæнтыст – сты  æнæнизхъахъхъæды сферæ,  хъæууон хæдзарад  æмæ   бынæттон амалиуæгадæн æххуыс,  æнæмæнгæй  банысан кæнинаг  сты  уыцы нысаниуæгджын  æнтыстытæ,   кæцытæ бæстæйæн ис   æддæ политьикъæйы æрдæм.  Зонут æй, абон Гуырдзыстоны  æмбæстæгтæн уæгъдибарæй сæ бон  Европæйы Шенгены Зонæйы бæстæтæм балц кæнын.   Абон  не мбæстæгты Европæмæ ацæуынæн визæ нал бахъæуы  æмæ ай у фыццаджы дæр   Евроцæдисы æрдгæй политикъон æуууæнк  Гуырдызстоны  цæрджыты æрдæм æмæ   цæй зæгъын æй  хъæуы  хицауады сæххæст политикæйы æрдæм»- банысан кодта  премьер-министр.

Афтæдæр йæ ныхæстæм гæсгæ, иттæг нысаниуæгджын  у уыцы динамикæ,  кæцы  бæстæйыс сырæзт  экономикон  рæзынады æрдæм, кæцыйы  сæйраг разаууæл у уыцы сæрибардзинад, кæцы  бæстæйы ис.

Премьер-министры фидиуæнæй,  ахсджиаг у, стабилондзинады æмвæзад, кæцы æрфидар ис бæстæйы  уыцы  зондджын  æддагон политикæйы тыххæй,   кæцыйы  «Гуырдзиаг Бæллиццы» хицауад  æххæст кæны.

«Тынг райын  цæмæй  туристон  сезон Аджарийы ныридæгæн архайы   12  мæйы дæргъы  æмæ ай банкъаринаг  у  æнææрмæст  ставд фысымуатты, фæлæ  ма  хæдзарон типы  уазæгуæтты дæр  æмæ ныридæгæн,   цæрджыты бирæ  уæрæхдæр массæтæ рахатынц  уыцы æфтиаг,  кæцы æрбафты туризмæй.   Фæнды мæ  сымахимæ иумæ  бахыгъд кæнон  Аджарийы   сæххæст   нысаниуæгджын проекттæ, кæцытæ  уагъд сты  регионы æмæ   нæ бæстæйы  размæцыды æрдæм, алкæцы æмбæстагы  царды æмвæзады фæхуыздæр  кæныны æрдæм,  æмæ   фæныхас кæнон   плангонд   проектытыл дæр, кæцыты сæххæст кæнын дæр  хъавæм  Аджарийы» –  райхъусын кодта  Гиорги Квирикашвили.