Фæстаг бæрæггæнæнтæй, зæххæнъкуысты фæстиуæгæн Турчы 24 000-æй фылдæр адæймаг марад, Сирийы та - 3500-йæ фылдæр
Турчы æмæ Сирийы зæххæнъкуысты фæстиуæгæн фæмардуæвджыты нымæц, 28000-æй ахызт. Фæстаг бæрæггæнæнтæй, Турчы амард 24 617 адæймаг, Сирийы та – 3575, сæ нымæцы 2167 растгæты контролгонд территорийыл. Цæф сты дæсгай мин адæймаг.
Бынатыл агурæн-ирвæзынгæнæн куыстытæ дарддæр кæнынц. Туркаг медиайы информацийæ, зæххæнъкуысты фæстæ бæстæйы 2 356 афтершок сфиксир ис.
Турчы æмæ Сирийы куынæггæнæг зæххæнъкуыст 6 февралы æрцыд.