Фæсивæдæн мызд фидгæ стажировкæйы закъоны сæххæст пилотон режимы ацы аз райдайдзæн
Гуырдзыстоны премьер-министры, Ираклий Къобахидзейы фидиуæнæй, фæсивæдæн мыздæй стажировкæйы фæдыл закъоны сæххæст пилотон режимы ацы аз райдайдзæн.
Къобахидзейы дзырдæй, зæгъгæ иууыл цъус дыууæ-æртæ мин курсфæудгонд паддзахадон структурæты мыздæй стажировкæ ацæудзысты.
«Зондзыстут, парламент фарон райста закъон фæсивæдæн мыздæй стажировкæйы фадат раттыны фæдыл. Закъонæн хъæуы сыххæст. Закъоны сыххæст пилотон режимы тæккæ ацы аз райдайдзæн. Хъуамæ сифтонг кæнæм университетты иууыл цхус, дыууæ-æртæ мин курсфæудгонды цыппармæййон мыздæй стажировкæ ацыд паддзахадон структурæты. Уымæй дарддæр ма, муниципалитетты æмæ хицæн секторимæ æмгуыстады бындурыл фæсивæдмæ лæвæрд хъуамæ уа фадат, муниципалон æмæ хицæн структурæты дæр ацæой стажировкæ мыздимæ. Фæнды мæ ракурон ахуырады министрæй, финансты министримæ координацигондæй хицауады фидæн рабадтмæ бавдисой деталон план кæцыйы бындуры фæсивæд, курсфæудгонд ацæудзæн мыздæй стажировкæ куыд падзахадон структурæты, афтæ муниципалиеттты, афтæ æмгуыстады бындурыл хицæн секторы», – райхъусын кодта Ираклий Къобахиздзе.