Фæсарæнты  æвзарæнон фадгуытыл  28 ноябры, хъæлæскæнынад  æхсæвы дыууадæс сахаты онг адарддæр уыдзæн
Фæсарæнты æвзарæнон фадгуытыл 28 ноябры, хъæлæскæнынад æхсæвы дыууадæс сахаты онг адарддæр уыдзæн

Фæсарæнты  æвзарæнон   фадгуыты  æвзæрстыты бон – 28 ноябры хъæлæскæнынад  æхсæвы дыууадæс сахатмæ адарддæр уыдзæн.  Уый фæдыл  Централон Æвзарæнон Камисы  абоны рабадтыл  фæбæрг ис.

Уыйимæ ма  Афгъанистаны  гуырдзиаг  æфсæддон кусджытæн президентон  æвзæрстыты  дыккаг тур  26-æм нояьры ацæудзæн.  Æмбæлон  бюллетенты  ЦÆК-ы  минæвæрттæ Гуырдзыстоны  æвзæрстыты дыккаг турмæ  28 ноябрьмæ æрласдзысты.

Гуырдзыстоны   президентон æвзæрстыты  дыккаг тур  28  ноябры  ацæудзæн.  Уыцы бон уыдзæн улæфты  бон.

Президентон æвзæрстыты  дыккаг туры,  хæдбар президенттæм кандидат  Саломэ Зурабишвили  æмæ  «Иууон  Националон Змæлды»  минæвар  Григол Вашадзе исынц  хайад.