Фæсарæн хъуыддæгты уагдон – минæвæрттимæ фембæлдыл Давит Залкалиани сбæлвырд кодта хицауады интерес, сбæрæг кæна рæстдзинад сусæг ныффыстыты фæдыл ахæлиугонд информацийыл
Гуырдзыстоны фæсарæн хъуыддæгты министрады Гуырдзыстоны вице-премьер, фæсарæн хъуыддæгты министр Давит Залкалианийы Гуырдзыстоны сыгъдæг аргъуаны нунций Жозе Авелино Бетанкуримæ, Гуырдзыстоны Евроцæдисы миссийы къухдариуæггæнæг Карл Харцелимæ, Гуырдзыстоны АИШ-ы сæрмагонд æмæ æххæстбарджын минæвар Келли дегнанимæ æмæ Гуырдзыстоны Японийы сæрмагонд æмæ æххæстбарджын минæвар Ямамура Акираимæ фембæлдис.
Фембæлдыл ныхас уыд суссæг ныффыстыты фæдыл, медиафæрæзты ахæлиугонд информацийыл. Гуырдзыстоны фæсарæн хъуыддæгты уагдоны къухдариуæггæнæг ноджы иу хатт сбæлвырд кодта хицауады интересджындзнад æмæ дырыс позици, сбæрæг уа ахæлиугонд информацийы алыварс рæстдзинад, цæй тыххæй дæр Гуырдзыстоны прокуратурæ райдыдта процессон архæйдтæ.
Дипломаттæм лæвæрд уыд информаци Гуырдзыстоны прокуратурæйы фæдагурæн мадзæлтты фæдыл, кæцыты нымæцы зæрдалдард цæуы мæдиафæрæзты ахæлиугонд æрмæджыты автентондзинады, сæ равзæрæны сбæрæг кæнын æмæ а.д.
Банысан ис, цæмæй фæдагурæг уагдон, процессон архæйдты рæстæджы бардон æххуысы флгæтты баздæхт АИШ-æм æмæ æндæр бæстæтæм, уымæ гæсгæ дæр фембæлдыл ноджы иу хатт разагъдæуыд цæттæдзинад, цæмæй Гуырдзыстон æргом у уæлæмхасæй райса барадон æххуыс æ7ндæр интересджын æхсæнадæмон партнертæй.
Фембæлдыл ноджы иу хатт бахахх ис æмæ сбæлвырд ис, цæмæй паддзахад иузæрдыгæй хъахъхъæныæхсæнадæмон хæстæ, сæ нымæцы дипломатон æмæ консулон ахастыты фæдыл Венæйы 1961 æмæ 1963 азты конвенциты принциптæ. Йæхи æрдгæй Гуырдзыстоны вице-премьер, фæсарæн хъуыддæгты министр ноджы иу хатт сбæлвырд кодта йæ цыт Гуырдзыстоны аккредитацигонд дипломативон корпусмæ.
Информацийы хъусын кæны Гуырдзыстоны фæсарæн хъуыддæгты министрад.