Фæсарæн хъуыддæгты министры хæдивæг дзуапп кæны Уæрæсейы президенты пресс-нымæрдары фидиуæнæн
Гуырдзыстоны фæсарæн хъуыддæгты министры хæдивæг æфсæддон ахуырты тыххæй Уæрæсейы президенты пресс-нымæрдары фидиуæнæн дæтты дзуапп.
«Хъусдард раздæхтам Уæрæсейы президенты пресс-нымæрдары Дмитрий Песковы комментаримæ Гуырдзыстоны цæугæ бирæнацион æфсæддон ахуырты Agile Spirit 2021-ы фæдыл æмæ нæ фæнды банысан кæнын:
Гуырдзыстонæн куыд суверенон паддзахадæн, ис бар йæ тæрриторийыл ауадза æфсæддон ахуыртæ, уый нымæцы бирæнацион равгы, æхсæнадæмон барадмæ æмбæлгæ æркуырдтæм гæсгæйæ, кæцы ацы тæккæ æххæстæуы.
Гуырдзыстоны территорийыл цæугæ æфсæддон ахуыртæн сæ нысан у альянсы уæнг æмæ партнер бæстæты дæлхайадты æхсæн кæрæдзимæ æмбынатидзинад сбæрзонддæр кæнын, бирæнацион уавæрты операцитæ сплан кæнын æмæ сæххæсты рæстæджы оперативон фадæттæ фæхуыздæр кæнын æмæ стынг кæнын, бирæнацион цæттæдзинады æмæ æдасдзинады сферæйы æмгуыст стынг кæнын æмæ нæу искæцы æртыккаг фарсы ныхмæ.
Гуырдзыстонæн афтæ куыд регионы æдадсзинадæн, йæ бын къахы растдæр Уæрæсейы агрессивон политикæ, фыццаджы дæр Гуырдзыстоны регионты, Абхаз æмæ Цхинвалы регионы окупаци, сæ милитаризаци æмæ перманентон æфсæддон ахуыртæ оккупацигонд территоритыл.
Æртхъирæнгæнæг фидиуæнты бæсты, хуыздæр уаид Уæрæсе куы æххæст кæнид æхсты фæурæды фæдыл 2008 азы 12 августы бадзырд, фæстæмæ акæна йæ гарзджын тыхтæ Гуырдзыстоны территорийæ. Растдæр уый уыдаит ахъаззаг æдасдзинады уавæр фæхуыздæрæн» – райхъусын кодта Лаша Дарсалиа.