Фæсарæн хъуыддæгты министрады ацыд Женевæйы æхсæнадæмон бадзырдты æмсæрдæрттимæ фембæлд
Фæсарæн хъуыддæгты министрады ацыд фембæлд Женевæйы æхсæнадæмон бадзырдты 56-æм раундмæ бацæттæ кæнынæн Евроцæдисы, Ино-йы æмæ OSCE-ы æрдгæй. Уый фæдыл информаци публикаци кæны фæсарæн хъуыддæгты министрад.
Уагдоны информацийæ, фембæлдæн Гуырдзиаг фарсæй къухдариуæг кодта фæсарæн хъуыддæгты министры фыццаг хæдивæг æмæ Женевæйы бадзырдты Гуырдзыстоны делегацийы разамонæг Лаша Дарсалиа.
«Фембæлд бавдыстæуыд Женевæйы æхсæнадæмон бадзырдты эффективон кусыны фарста, цæмæй уа прогресс бонвæткы сæйраг фарстатыл, цахæмдæр сты Уæрæсейы æрдгæй 2008 азы 12 августы æхст фæурæды фæдыл бадзырдæй райсгæ æхсæнадæмон хæсистты сыххæст, афтæма тыхбын бынативгæ уæнгты æмæ лигъдæтты æдас æмæ аккаг æрыздæхт.
Фембæлдыл бахахх ис Галы инциденттæ маруадзыны æмæ сыл реагиркæныны механизмты (IPRM) æнæуæлдайдзырдæй сног кæныны æмæ Эргнеты фæнысангонд механизмы регуляронæй бындурæвæрæгон принциптæм æмбæлгæйæ ауадзыны æнæмæнгхъæуындзинад.
Вакастæуыд оккупацигонд регионты æмæ оккупацион хаххмæ хæстæг, Уæрæсейы провокацион æмæ æнæзакъонон архайдтытæ, кæцытæ ноджы карздæр кæнынц æдасдзинады, гуманитарон æмæ адæймаджы барты æрдгæй уæвæг уавæр.
Афтæма фембæлды фæлгæтты фæтæрхон кодтой Уæрæсе-Гуырдзыстоны конфликт сабырæй аскуыддзагы политикæйы сыххæсты æмæ деоккупацийы æрдæм саразинаг æнæмæнгхъæугæ къахдзæфтыл æмæ ацы æрдгæй бахахх кодтой Женевæйы бадзырдты æмсæрдар æхсæнадæмон организациты бастдзинады æмæ эффективон тыхайрхайды æнæмæнгхъæуындзинад», – банысангонд у фæсарæн хъуыддæгты уагдоны информацийы.