Фæсарæн хъуыддæгты министрад – Ингурыл рахизыны рæстæджы Гуырдзыстоны æртæ æмбæстагы мæлæты факт у Уæрæсйеы æнæзаконон оккупацийы радон иттæг уæззау адæймагон аргъ
Гуырдзыстоны фæсарæн хъуыддæгты министрад цæугæдон Ингуры рахизыны рæстæджы оккупацигонд территоритыл цæрæг Гуырдзыстоны æртæм æмбæстагы мæлæты фæдыл фидиуæн ахæлиу кодта.
«Гуырдзыстоны æртæ æмбæстаг, Уæрæсейы оккупацион режимæй уагæвæрд дискриминацион мадзæлтты, оккупацион хаххыл сæрибарæй змæлды тобæйы уавæрты, æнæзаконон æрцхстæй хи аиуварс кæныны нысанæн архайдтой Гуырдзыстоны хицауады контролгонд территоримæ рахизын, кæцы фаталон фæстиуæгæй фæцис.
Фæнысангонд у Уæрæсейы æнæзакъонон оккупацийы иттæг уæззау адæймагон аргъ æмæ цæстæйуынгæ кæны Абхазы æмæ Цхинвалы регионты цæрджыты æнæбафæразгæ цæрæн уавæртæ æмæ бынатыл æдасдзинады æмæ гуманитарон цæстæнгасæй цы уæззау уавæр ис уый», – дзырдæуы фидиуæны.
Фæсарæн хъуыддæгты министрад скусын кодта цы дипломативон мæцъистæ йæм ис уый æппæт, цæмæй фарст æвæрд æрцæуа сегасдæр бæрзонд æмвæзыл алы æмбæлгæ æхсæнадæмон форматы.
«Абоны трагикон факт нырид каст æрцыд министры фембæлдыл Евроцæдисы специалон минæваримæ Хуссар Кавказ æмæ Гуырдзыстоны кризисы фарстæты, хъуыддаджы курсы сты Женевæйы æхсæнадæмон дискусситы æмсæрдæрттæ æмæ Евроцæдисы цæстдарæг мисси, активаци скодтам тæвд хахх, информаци лæвæрд цæуы алы æхсæнадæмон организацитæм æмæ нæ партнертæм.
Гуырдзыстоны алы амæлттæй архайдзæн, цæмæй фæстагмæ фæуа бынатыл уæвæг æнæзаконон оккупаци, урæд æрцæуа оккупацигонд территоритыл адæймаджы барты састы факттæ æмæ бынæттон цæрджытæм лæвæрд уа сæрибарæй змæлды фадат», – дзырдæуы министрады фидиуæны.
Хъæу Шамгонайы цур ирвæзынгæнджытæ цæугæдон Ингурæй систой æртæ мардыбуар. Ноджы ма дарддæр кæны иу адæймагы агуырæн-ирвæзынгæнæн амæлттæ. Уæвæг информацийæ, æмбæстæгтæ оккупацигонд хъæу Тагилонæй Шамгонамæ, цæугæдон Ингуры уылты рахизын архайдтой.