Фæсарæн хъуыддæгты министр схатдзæг кодта Мюнхены æдасдзинады конференцийыл Гуырдзыстоны делегацийы куыст
Мюнхены æдасдзинады 56-æм конференцийы фæлгæтты, Гуырдзыстоны делегаци активонæй бавдыстæуыд йæхи æмæ уый нымæцы, Гуырдзыстоны фарста айзæлыж конференцийы бæрзонддæр трибунæйæ ахæм бæрзонд æмвæзады хайадисджыты æрдгæй, цахæм дæр сты АИШ-ы паддзахадон нымæрдар, Турчы фæсарæн хъуыддæгты уагдоны къухдариуæггæнæг, конференцийы организатор, кæцы арфæйы ныхсы Гуырдызстоны кой ракодта- уый фæдыл Гуырдзыстоны фæсарæн хъуыддæгты министр, Давит Залкалиани, Мюнхены конференцийы Гуырдзыстоны делегацийы хайад райсты бахыгъды рæстæджы райхъусын кодта.
Давит Залкалианийы дзырдæй, зæгъгæ Мюнхены конференцийыл активон ныхас цыд бæстæйы сæйраг быцæусидтыл, кæцы баст у нæ бæстæйы территориты оккупациимæ.
Уый бæрзонд аргъ скодта Гуырдзыстоны премьер-министры æмæ АИШ-ы хъахъхъæнынады нымæрдары фембæлдæн.
«Иттæг нысаниуæгджын уыд, цæмæй Мюнхены конференцийы фæлгæтты нын уыд нæ сæйраг стратегион партнеримæ, АИШ-имæ фембæлд. Ноджы иу хатт бахахх ис, цæмæй Гуырдзыстон-Америкæйы стратегион партнерад у æнæфæцудгæ. Ацы периоды АИШ-æ сæрмагонд акцент аразы Афгъанистаны цæугæ процесстыл. Мах уым активон бавдыст стæм æмæ уымæн ис бæрзонд аргълæвæрд нæ сæйраг стратегион партнеры æрдгæй. Цæй зæгъын æй хъæуы, фæныхас кодтам уыцы фарсхæцыныл, кæцы нын ис хъахъхъæнынады æмæ æдасдзинады сферæйы , афтæдæр фидæны перспективæтыл»- райхъусын кодта Давит Залкалиани.
Давит Залкалиани бæрзонд аргъ скодта конференцийы фæлгæтты немыцаг партнертимæ фембæлдæн, уый нымæцы Германийы Бундестагы вице-президентимæ, Германийы Федералон хицауады минæваримæ æмæ Германийы фæсарæн хъуыддæгты министрады политикъон диреткоримæ.
«Фæныхас кодтам алы уыцы быцæусидтыл, кæцы нæ бæстæйæн у актуалон. Сæрмагонд акценттæ цæй зæгъын æй хъæуы сырæзт оккупацигонд территориты фарстайыл. Махæн иттæг нысаниуæгджын у Германийы активон хайад ацы процессы»- райхъусын кодта Залкалиани.
Гуырдзыстоны делегаци премьер-министры къухдариуæгæй, хайад иста Мюнхены æхсæнадæмон конференцийы. 14-16 февралы конференцийы фæлгæтты фембæлдтæ арызтой Гуырдзыстоны фæсарæн хъуыддæгты æмæ хъахъхъæнынады мнистртæ.
Информацийы хъусын кæны Гуырдзыстоны фæсарæн хъуыддæгты министрад.