Фæсарæйнаг агентты регистрацийы тыххæй закъоны хæлдæн æфхæрд цæуы иварæй кæнæ фондз азы онг ахæстоны фæбадынæй
Фæсарæйнаг агентты регистрацийы тыххæй закъоны хæлдæн æфхæрд цæуы иварæй кæнæ фондз азы онг ахæстоны фæбадынæй

Тугрæстдзинады  бæрндзинад æвæрд æрцæудзæн, фæсарæйнаг агентты регистрацийы тыххæй закъоны нысангонд хæстæ æнæххæст кæныны, кæнæ æнæмбæлон æгъдауæй сæххæст кæныны цауты тыххæй.

Парламентмæ хаст æрцыдысты тугрæстдзинады закъондæттынадмæ ивддзинæдтæ, кæцытæ бацæттæ кодтой «ФАРА»-йы фæлгæтты.

Закъондæттынадмæ æфтауынц ног статья, кæцымæ гæсгæ «Фæсарæйнаг агентты регистрацийы фæдыл закъоны» хæлд æфхæрд æрцæудзæн иварæй, кæнæ та фондз азы онг ахæстоны фæбадынæй.