Фæрнæйдзаг Рухсы æрцыдмæ чи фæцæуæг уа уыцы æмбæстæгтæн специалон фидиуæн хæлиу кæны Гуырдзыстоны минæварад Израилы
Израилы Гуырдзыстоны минæварад, 27 апрелмæ Хуыцауы райгасы аргъуанмæ Фæрнæйдзаг Рухсы æрцыдмæ чи фæцæуæг уыдзæн, уыцы æмбæстæгтæн специалон фидиуæн хæлиу кæны.
Фидиуæны куыд у банысангонд афтæмæй, мингай кувæг ацæудзæн Фæрнæйдзаг Рухсы æрцыды церемонимæ дунейы æндæр æмæ æндæр бæстæтæй, сæ нымæцы уыдзысты официалон делегацитæ дæр.
Израилы Гуырдзыстоны минæварады информацийæ, æрвылазонæй, Израилы полици Фæрнæйдзаг Рухсы æрцыды церемонйы рæстæжэы, æдасдзинады мадзæлттæ фæкарздæр кæны.
«Ацы бонмæ алы æмбæстагмæ, кæцы нæфæразон у, æнхъæлмæ кæсинаг адæмы æмбырды тыххæй, рекомендиргонд у сæхи бауромой Хуыцауы райгасы аргъуамæ ацæуынæй. Уыцы уæнгтæ кæцытæ, хайад райсдзысты Фæрнæйдзаг Рухсы æрцыды церемонийы, хъумæ бакоммæ кæсæт полицийы фыццаг амындмæ бынативды фæдыл. Æнæруадзгæ у уыцы уæнгтæм фæбыцæу, кæцытæ хæсджы сты аргъуаны æмæ уымæ бацæуæн фæндæгтыл сæрфад хъахъъхæнын.
Зæрдыл бадарын хъæуы афтæдæр уыцы аууæл, цæмæй æмбæстагы æрдгæй, зæгъæм куырдиаты тоонæй фæстæмæдзырд, гæнæн ис нымадмæ ист æрцæуа барадхъахъъæнæг органнмæ быцæудзитнадæй æмæ уый тыххæй дæр, адæмы æмбырды тыххæй æмæ фæткæвæрд æрфидар кæныны нысанæй, гæнæн ис спайда кæной тыхæй.
Æнæмæнгхъæугæ у, алы æмбæстаг йæхи урома аргъуанархайæг уæнгтимæ быцæудзырдæй, кæцыты функцитæм цæуы аргъуаны сæрфад хъахъæнын.
Æмюæстæгтæ сæхи хъуамæ бауромой Йерусалемы зæронд сахары а.х. специалон «браслеттæ) – аргъуанмæ бацæуæн æвдисæндæрттæ балæхдæй. Йерусалемы полицийы кусджыты æрдгæй ахæм типы мæнг «браслеттæ» кæмæ учыдзæн, уыцы уæнгты раддæдуар кæндзысты Хуыцауы райгасы аргъуанæй.
Уыцы цауы, кæд æмæ æмбæстаг фæдзæгъæл ис зæронд сахары, уæд æнæаргъæвгæйæ хъуамæ фехъусн кæна полицийæн телефонон номырыл +972 26226100 ( полицийы кусæг æй бахизын кæндзæн æввахсдæр полицийы хайадмæ) æмæ уырдыгæй фехъусын кæна Гуырдзыстоны минæварады консулады куыстæн.
Æппæт уыйимæ иумæ зæрдыл бадарын хъæуы, цæмæй визон æмæ æндæр хузыы арæныл ахизыны домæнтæ тынг зынвадат сты. Бабæрæг кæнут, цæмæй балцы размæ хорз æрзонгæ стут Израилы эмиграцион политикæимæ. Израилы бæрæгбонты æмæ уалдзæгон туристон сезоны бонты зæрдыл даргæйæ, цæмæй уæ бахъæудзæн уæлæмхас рæстæг, цæмæй ацæуат æдасдзинады контроль аэропорты. Ацы периоды Израиль карздæр кæны æдадсзинады мадзæлттæ» – банысангонд у фидиуæны.
Уæлæмхас информаци Израилы арæныл ахизын æмæ æндæр фарстаты фæдыл, бакæсут дæнцыл.