Фæлварæнты националон центр публикаци скодта математикæйы фæлварæны фыццагон фæстиуджытæ
Аргълæвæрды æмæ фæлварæнты националон центр даддæр кæны абитуриентты куыстыты æмæ баллты публикаци кæнын. Абон публикацигонд уыд математикæы экзаменты фыццагон фæстиуджытæ.
Сæрмагонд фæстиуджытæ базонынæн, абитуриент хъуамæ бахизæт веб-фарсмæ «online.naec.ge», æмбæлгæ бынаты ныффыссæт сæрмагонд номыр æмæ фондзнысанон пароль.
«Сæрмагонд фарсыл, абитуреинтæн уыдзæн фадат фенын, сæрмагонд куысты æмæ конкретон предметы йын цы фыццагон «хом» баллтæ ис, уый. Иугонд национ фæлварæнты æппынфæстаг фæстиуджытæ публикацигонд уыдзæн претензион куырдиæттæ æркæсыны, баллты сæмбæр кæныны фæстæ.
Математикæйы фæлварæнон тесты максималон балл у 51. Абитуриентæн ацы предмет банымайдзысты кæд æмæ баллты сæмбæр кæныны фæстæ йæ балты нымæц суыдзæн ацы предметæн бæрæг максималон баллты 20%-æй фылдæр.