Фæлварæнты националон центр публикаци скодта математикæйы фæлварæны фыццагон фæстиуджытæ
Фæлварæнты националон центр публикаци скодта математикæйы фæлварæны фыццагон фæстиуджытæ

Аргълæвæрды æмæ фæлварæнты националон центр даддæр кæны абитуриентты  куыстыты æмæ баллты   публикаци кæнын.  Абон   публикацигонд уыд   математикæы экзаменты фыццагон фæстиуджытæ.

Сæрмагонд  фæстиуджытæ базонынæн, абитуриент  хъуамæ бахизæт  веб-фарсмæ  «online.naec.ge», æмбæлгæ  бынаты  ныффыссæт  сæрмагонд номыр æмæ  фондзнысанон пароль.

«Сæрмагонд  фарсыл,  абитуреинтæн уыдзæн  фадат фенын,  сæрмагонд куысты æмæ  конкретон  предметы  йын цы  фыццагон  «хом»  баллтæ ис, уый.  Иугонд национ фæлварæнты  æппынфæстаг  фæстиуджытæ  публикацигонд уыдзæн   претензион куырдиæттæ  æркæсыны, баллты  сæмбæр кæныны фæстæ.

Математикæйы  фæлварæнон тесты максималон  балл у  51.  Абитуриентæн ацы  предмет банымайдзысты кæд æмæ  баллты  сæмбæр кæныны фæстæ йæ  балты нымæц суыдзæн  ацы предметæн  бæрæг  максималон  баллты  20%-æй фылдæр.