Фæлварæнты националон центр публикаци скодта фæсарæйнаг æвзæгты фæлварæны фыццагон фæстиуджытæ
Аргълæвæрды æмæ фæлварæнты националон центр даддæр кæны абитуриентты куыстыты æмæ баллты публикаци кæнын. Абон публикацигонд уыд фæсарæйаг æвзæгты экзаменты фыццагон фæстиуджытæ.
«Æнхъарæм уын абитуриентты фыццагон фæстиуджытæ фæсарæйнаг æвзæгты экзаменты (англисаг, немыцаг, францаг, уырыссаг). Сæрмагонд фæстиуджытæ базонынæн, абитуриент хъуамæ бахизæт веб-фарсмæ «online.naec.ge», æмбæлгæ бынаты ныффыссæт сæрмагонд номыр æмæ фондзнысанон пароль.
Сæрмагонд фарсыл, абитуреинтæн уыдзæн фадат фенын, сæрмагонд куысты æмæ конкретон предметы йын цы фыццагон «хом» баллтæ ис, уый. Иугонд национ фæлварæнты æппынфæстаг фæстиуджытæ публикацигонд уыдзæн претензион куырдиæттæ æркæсыны, баллты сæмбæр кæныны фæстæ», – хуъсын кæнынц фæлварæнты националон центры.
Фæсарæйнаг æвзæгты фæлварæнон тесты максималон балл у 80. Абитуриентæн ацы предмет банымайдзысты кæд æмæ баллты сæмбæр кæныны фæстæ йæ балты нымæц суыдзæн ацы предметæн бæрæг максималон баллты 20%-æй фылдæр.
«Нысаниуæгджын у, цæмæй сæмбæр кæныны фæстиуæгæн барьерыл фæтыхуыны шанс уыдзæн уыцы абитуриенттæн дæр, кæцыйы фыццагон баллтæ минималон компетенцийы æмвæзыд къаддæр, фæлæ уымæ хæстæг сты.
Аппеляцион куырдиæтты ист райдайдзæн алы экзаменты фæстиуджыты публикацийы фæстæ. Куырдиæттæ ист цæудзæн электрононæй, веб-фарсыл: online.naec.ge .