Фæхуымæтæгдæр кæнынц фæлварæн раттыны фæтк В категорийы шофыры бардæттæг гæххæтт райсынæн
Фæхуымæтæгдæр кæнынц шофыры фæлварæн раттыны фæтк.
Мидхъуыддæгты министры бардзырдмæ гæсгæ ныртæккæйы уагæвæрдмæ хаст цæуынц ахæм ивæндзинæдтæ:
В категорийы шофыры бардæттæг гæххæттыты теоретикон фæлварæны кандидаттæн бар уыдзæн æртæ рæдыды бæсты фондз рæдыды саразын.
Сæрмагондæй, цæмæй райсой хорз бæрæггæнæн теоретикон фæлварæны категори В æмæ дæлкатегори В1 хæдтулгæтæн, уый тыххæй кандидаттæ хъуамæ райсой æппынкъаддæр 25 баллы электронон фæлварæны фæстæ 30 минуты æмгъуыдмæ. Раздæры версимæ гæсгæ, кандидаттæ хъуамæ райстаиккой æппынкъаддæр 27 баллы 30 фæлварæны фарстæй.
Уымæй дарддæр ма ацы аз 15-æм июнæй фæстæмæ В категорийы шофыры бардæттæг практикон фæлварæны дыккаг къæпхæны чысыл рæдыдтыты арæн фæфылдæр 12-æй 15-мæ.
Ивддзинæдты размæ 12-æм чысыл рæдыд автоматикон æгъдауæй æркодта фæлварæны фæурæдмæ (ома, нымад цыд стыр рæдыдыл). Ног фæткмæ гæсгæ, кандидаттæн бар уыдзæн 14 чысыл рæдыды, 15-æм рæдыды фæстиуæгæн фæлварæн фæуыдзæн.
Ивддзинæдтæм гæсгæ, бæрæг домæнтæ æххæстгонд куы нæ цæуой, кæнæ æнæмбæлонæй æххæстгонд куы æрцæуой, уæд фæлварæг кандидатæн фадат ратдзæн рæдыд сраст кæнынæн. Уый тыххæй фæлварæг ратдзæн æмбæлон амынд (зæгъæм, «Дæ хорзæхæй, ногæй сбæрæг кæн дæ фæндагыл цæуыны æмбæлондзинад»). Фæлварæн дæттæгæн ма ис бар фæлварæн хæдтулгæ æрлæууын кæнынæн кæнæ та кандидатæн бафæдзæхсын йæ æрлæууын кæнын.
Иннæ ивддзинад хауы фæлварæны дыккаг къæпхæны бынæттæ банысан кæнынмæ.
Цæмæй дыккаг къæпхæны практикон фæлварæны кандидаттæн бынæттæ æмхуызондæр дихгонд æрцæуой, уый тыххæй лæггæдты агентадæн бар уыдзæн æмбæлон методикæ/алгоритм саразынæн, кæцы анализ кæндзæн кандидатты базæ æмæ бынæтты брон кæныны системæйæн разамынд дæтдзæн агентады æвæрд приоритеттæм гæсгæ (зæгъæм, фыццаг бафæлвæрд, къаддæр бафæлвæрдтæ, дæргъвæтин рæстæг æнхъæлмæ кæсын, брон кæнынæн æмæ æнд.). Лæггæдты агентады куыд бамбарын кодтой, афтæмæй 22-æм майæ фæстæмæ практикон фæлварæны фыццаг къæпхæн («сайт») æнтыстджынæй чи ратта, уыцы кандидаттæн сæ бон уыдзæн практикон фæлварæны дыккаг къæпхæнæн æнцонвадат рæстæг комкоммæ агентады филиалы æнæ æнхъæлмæ кæсгæйæ ныффыссын.