Фæдагуырдон куыст – Илиа  Гъудушаури паддзахадон-политикон уæнгы   официалон бартæй æнæраст спайда кæныны факты фæдыл ахст у
Фæдагуырдон куыст – Илиа  Гъудушаури паддзахадон-политикон уæнгы   официалон бартæй æнæраст спайда кæныны факты фæдыл ахст у

Финансты министрады  фæдагуырдон куысты бæрнонтæ  æрцахстой Гуырдзыстоны  æнæниздзинад  æмæ социалон хъахъхъæды министры раздæры хæдивæгы, кæцы уыд министрады æлхæнæн тендерон къамисы сæрдар Илиа Гъудушаурийы, паддзахадон-политикон бæрнон официалон бартæй æнæзакъонæй спайда кæныны фактыл – уый фæдыл фæдагуырдон службæйы департаменты къухдариуæггæнæг Гуга Тавберидзе, уагдоны арæзт брифингыл расидтис.

Йæ ныхасмæ гæсгæ, фæдагуырд сбæлвырд кодта, цæмæй 2022-æм азы 27-æм сентябры Гуырдзыстоны  æнæниздзинад æмæ социалон хъахъхъæды министрад расидтис тендер тагъд медицинон æххуысы хæдтулгæты балхæды фæдыл. Тендеры кæронбæттæн бенефициар уыд LEPL – уæлвæткон уавæрты координацийы æмæ æнæнхъæлæджы æххуысы центр. Тендеры хайад райстой æртæ компани, æмæ уæлахиздзау ссис уыцы компанитæй иу, кæцытæ алкæмæй ныллæгдæр аргъ бавдыстой – 8 525 876 ​​лари.

«Фæнысангонд тендер министры хæдивæг Илиа Гудушаурийы æнæзакъонон бардзырдæй фæурæдта.Уый йæ официалон бартæй спайда кодта æндæр компанийæн уæлæмхасæн раттыны тыххæй.2023 азы 10-æм майы йæ хæслæвæрдмæ гæсгæ расидтæуыд ног тендер, кæцыйы уавæртæ иу конкретон тендерæн уыд æмбæлон, цæй фæстиуæгæн æндæр компанитæн нæ уыд гæнæн хайад райсын.

Министрад раздæр æвзæрст компанийæн æнæ бындурæй бафыста 2 138 196 ларийы, кæцы бындуронæй хæлдта паддзахады легитимон интерестæ.

Фæдагуырд цæуы Гуырдзыстоны тугрæстдзинады  кодексы 332 статьяйы 2 хаймæ гæсгæ.