Фæдæвзарæг куыст – цæугæ мадзалы фæлгæтты, сгæрст сырæздзæн хъæдæрмæг бакусæн, куыд гуырдзиаг афтæ фæсарæйнаг компаниты
Гуырдзыстоны финансты-министрады фæдæвзарæг куыст цæугæ азы фæдагуырды фæлгæтты багардзæн алы регистрацийы уагъд алы хъæд бакусæн æрмадз, æнæкæсгæ уымæ чи сты сæ хицæуттæ.
Фæдæвзарæг куысты куыд хъусын кæнынц афтæмæй, ацы этапыл снысан ис басгæрст дыууæ фæсарæйнаг (китайаг æмæ ирайнаг) компанийы, кæцыты куысты иуæй-иу сæйраг сферæ у хъæдæрмæг бакусын-реализаци.
Афтæдæр сæ информацийæ, абоны бонмæ фæдæвзарæн мадзæлттæ, уагъд цæуынц æппæт бæстæйы масштабæй. Басгæрст ныридæгæн цæуы хъæдæрмæг бакусæн 52 кондады. Мадзалы фæлгæтты, ацы этапыл фæбæрæг ис æнæрегистрацийæ архайæг 23 кондад æмæ ист æрцыд дæсгай кубон метр хъæдæрмæг.
Хъæдæрмæгы реализацийы закъонондзинад бацахуыр кæныны нысанæй, Тбилисы, Кутаис æмæ Батумы уæвæг базарты, хъæдæрмæгæй базаргæнæг 150-йæ фылдæр объектыл инвентаризаци цæуы.
Фæдагуырд цæуы Гуырдзыстоны тугтæрхоны барады кодексы 210-æм, 192-æм, 287-æм прима, æмæ 303-æм статитæй.