Фæбæрæг сты Æхсæнадæмон проект – «The Synchromesh»-ы хайадисджытæ.Проект The Synchromesh-ы Æхсæнадон Уацхæссæг Еврокомиссиимæ иумæ æххæст кæны, кæцыйы нысан у радиотеатры популяризаци скæнын.
Проекты хайадисджытæ æмбæлгæ æрдæмадты профессионалтæй комплекктгонд компетентон жюрийы уæнгтæ æмæ проекты хайадисæг организацийы «International arts»-ы бастдзинадæй æрцыдысты æвзæрст.
Режиссер/продюссер – Тамар Чъинчъараули.;
Сценарист – Гванца Пипиа;
Артист – Вахтанг Кантариа;
Артист – Мариам Мгъебришвили;
Зæлы режиссертæ – Сандро Тъугъуши æмæ Тамаз Канделаки.
Проекты The Synchromesh-ы фæлгæтты ис ахуырадон активондзинæдтæ, семинартæ æмæ сæрдыгон скъола. Проекты æппынфæстаг нысан у аивадон къабазы сфæлдисджыты æрбаласын, сахуыр сæ кæнын æмæ фæстагмæ радиоспектакл сæвæрын.
Проекты райдайæны хайадисджытæ араст уыдзысты дыууæкъуырион сæрдыгон скъолайы Румынимæ, кæцыйы баиу уыдзысты алы хайадисæг бæстæты минæвар æвзонгтæ. Хайадисджытæ афæтæдр рацæудзысты мастеркласстæ, кæцытæ уагъд уыдзæн сæ бæстæйы. Алы хайадисæгæн уыдзæн бастдзинад профессионал менторимæ йæ бæстæйы.
The Synchromesh транснационалон проект у æмæ радио аудиодраммæйы сферæйы карьерæйæ интересджын фæсивæдæн æмбæлгæ фæлтæрдтæ стынг кæнын у йæ нысан. The Synchromesh архайы радиойы иуæй-иу сеппæтæй рагон жанр, радиотеатры популяризаци æмæ стынг кæнынæн. Проект финансгонд у Еврокломиссийы æрдгæй æмæ уым хайад исы авд бæстæ: Гуырдзыстон, Ирланди, Албани, Венгри, Итали, Украина æмæ Румыни.
Сæрдыгон скъолайы фæуды ф æстæ хайадисджытæ сараздзысты чысыл къордтæ (4-5 уæнгæй), кæцытæ хъуамæ сфæлдисой æххæстметражон (иу сахат) профессионалон аудиодраммæ.
Хайадисджытæн проекты сыххæст кæнынæн уыдзæн 18 мæйы, цæй фæстæдæр æрцуæудзæн проекты презентаци æмæ промоушен.
Бакой уын кæндзыстæм, Гуырдзыстоны радиотеатрæн стыр традици ис. Æхсæнадон Уацхæссæджы радиойы фонды æвæрд фыццаг радиоспектакль 1953 азæй у датæгонж. Уымæ гæсгæ дæр ацы аз радиотеатрыл 70 азы сыххæст ис. Уæдмæ та, ивгъуыд æнусы 30-æм азты радиоспектакльтæ лæвæрд уыдысты комкоммæ эфиры.