«Евроуынынад 2025»-ы байгом кæныны церемони Базелы 11-æм майы сырæздзæн
Æрвхуыз гауыз Базелы ацæудзæн 11-æм майы.
Æрвхуыз гауыз ацы хатт уыдзæн рекордон дæргъвæтин æмæ райдайдзæн Базелы историон мэрийы (Ратхаус), уырдыгæй 37 бæстæйы минæвæрттæ ацæудзысты винтажон трамвайтыл Messe Basel равдыстыты центрмæ.
Байгом кæныны церемони Гуырдзыстоны рæстæгæй 15:45 сахатыл райдайдзæн æмæ дыууæ сахаты бæрц ахæсдзæн. Комкоммæ трансляцимæ бакæсæн ис Гуырдзыстоны Фыццаг Къаналы официалон Facebook-ы фарсыл.
Мариам Шенгелиа æмæ «Эрисиони» бирюзовый ковролиныл ацæудзысты, æндæр 36 бæстæйы минæвæрттимæ иумæ. Уæ зæрдыл уын æрлæууын кæндзыстæм, цæмæй Евроуынынады зарæджы конкурс 13, 15 æмæ 17 майы Швейцарийы горæт Базелы сырæздзæн. Мариам Шенгелиа 15-æм майы æрбацæудзæн 10-æм номырæй.