Евросоветы уæнгтæ иумæйаг фидиуæн парахат кæнынц – бацархайдзыстæм Украина фæуæлахиз уа, сабырад æрцæуа, рæстады сыххæст, уæдмæ мах нæ æрлæудзыстæм
Евросоветы уæнгтæ иумæйаг фидиуæн парахат кæнынц – бацархайдзыстæм Украина фæуæлахиз уа, сабырад æрцæуа, рæстады сыххæст, уæдмæ мах нæ æрлæудзыстæм
Украинайы, Уæрæсейы хæсты райдайæнæй афæдзы сæрыл Евросоветы уæнгтæ иумæйаг фидиуæн парахат кæнынц.
«Мах бацархайдзыстæм Украина фæуæлахиз уа, сабырад æрцæуа, рæстады сыххæст, уæдмæ мах нæ æрлæудзыстæм», – ис фыст фидиуæны.
Документы афтæ дæр ис фыст , цæмæй Украина у «европон бинонты хай».
«Евроцæдис адаргъ кæндзæн Украинайы политикон, экономикон, гуманитарон, финансон æмæ æфсæддон фарсылхæцындзинад. Афтæ дæр европон индустриа тагъд координацигонд архайдзæн. Мах йæ фарсыл хæцæм Украинайы реконструкцийæн, кæцымæ тырнæм, спайда кæнæм урæд уырыссаг активтæ Евроцæдисы æмæ æппæтдунеон рæстадмæ гæсгæ. Мах ноджы фестыр кæндзыстæм коллективон æрылхъывд Уæрæсейыл, йæ агрессивон хæсты фæудæн. Ацы нысанæй, райсдзыстæм дæсæм пакет æмæ авæрдзыстæм къахдзæфтæ Евроцæдисы вæрд нормæтæй хибахизыны ныхмæ», – ис фыст фидиуæны.