Евросоветы парламентон ассамблейы президент хъыгдзинад сиды Гуырдзыстоны делегацийы æскъуыддзагы фæдыл
Евросоветы парламентон ассамблейы президент Теодор Руссопулос сиды, цæмæй хъыг кæны Гуырдзыстоны делегацийы æскъуыддзагыл, кæцы Евросоветы парламентон ассамблейы скондæй ахызт.
«Уый тæссаг у диалогæн, кæцы гæнæн ис ахъаз кæна Гуырдзыстоны демокративон стандартты фæхуыздæр кæнынæн», – райхъусын кодта Руссопулос.
Рымысын уын кæндзыстæм, цæмæй Евросоветы парламентон ассамблея сбæлвырд кодта резолюци, кæцымæ гæсгæ Гуырдзыстоны делегацийæн апрелы онг уыдзæн арæнæвæрд æххæстбартæ. Документы снысангонд сты бæрæг уавæртæ, кæцытæ Гуырдзыстоны хицауадæй æрдомдæуы сæххæст кæна апрелмæ. Се ‘хсæн – «политикон ахæстты ссæрибар кæнын æмæ ног æвзæрстыты расидт».
Ассамблейы уæнгтæ сæхицæн ныууадзынц бар гуырдзиаг делегацийы æууæнчы гæххæттыл апрелы ногæй быцæу кæной, кæд æмæ резолюцийы нысангонд уавæртæ нæ æххæстгонд æрцæудзысты. Резолюцийы райсты фæстæ, парламентон фылдæры хайы уæнг æмæ Евросоветы парламентон ассамблейы Гуырдзыстоны делегацийы сæргълæууæг Теа Цъулукиани расидтис, цæмæй «Гуырдзиаг Бæллиццы» къорды иумæйаг æскъуыддзагæй, уыдон æрлæууын кæнынц сæ куыст парламентон ассамблейы, Гуырдзыстон та, куыд паддзахад, бæрæгæй баззайы Европæйы Советы уæнгæй.