Евросоветы парламентон ассамблейы цæстдарæг докладгæнджытæ, Клод Керн æмæ Эдит Эстрелла Гуырдзыстоны цæугæ цауты фæдыл иумæйаг фидиуæн парахат кæнынц
Евросоветы парламентон ассамблейы цæстдарæг докладгæнджытæ, Клод Керн æмæ Эдит Эстрелла Гуырдзыстоны цæугæ цауты фæдыл иумæйаг фидиуæн парахат кæнынц

Клод Керн æмæ Эдит Эстрелла, Гуырдзыстоны фарстаты фæдыл Европæйы Советы парламентон ассамблейы цæстдарæг докладгæнджытæ, арф тыхстдзинад æвдисынц Гуырдзыстоны оппозицийы æмæ протесты лидерты ахст æмæ развæлгъау ахстæй, афтæ дæр сæ кабинетты басгæрстæй полицийы, – уый фæдыл Евросоветы парламентон ассамблейы веб-фарсыл публикацигонд информацийы ис фыст.
Уацхæсджытæ дзурынц, цæмæй ахстыты рæстæджы пъæлицæйы тыхмидзинад æвзæрын кæны фарстытæ политикон æгъдауæй æфхæрдтыты тыххæй.
Расидæны афтæдæр банысангонд у, цæмæй раныхасгæнджытæ тæрхон кæнынц полицийы æвирхъаудзинад журналистты æмæ сабырадон демонстрантты ныхмæ, се æхсæн æвзонгты ныхмæ, кæцы æнæфæцудгæйæ даргъ кæны, – уый фæдыл Гуырдзыстоны æхсæнадон хъахъхъæнæг сбæлвырд кодта.
«Афтæ зыны, цыма пъæлицæйы тыхмидзинад æмæ протестгæнæг æмæ журналистты ныхмæ æгæр тыхæй пайда кæныны тыххæй ис æнæфхæрддзинады æнкъарæн, кæцы у æнæрайсгæ», — загътой раныхасгæнджытæ, кæцытæ хицауадмæ æрсидтысты, цæмæй кад кæной ныхасы æмæ æмбырдты сæрибардзинадæн, сæ хæстæ æххæст кæнгæйæ Европæйы Советы уæнг.
«Ахæм æвирхъау миты æнæфхæрддзинад хъуамæ фæуа», — дзырдæуы хъусинаджы.
Уымæй  дарддæр ма,  фидиуæны ис фыст, цæмæй   факттæ  сбæлвырд кæныны нысанæй,  спикертæ  Тбилисмæ  январы райдайæны  æрцæудзысты.