Евросоветы парламентон ассамблейы æмхыгъдлæвæрджыты визит Гуырдзыстонмæ райдыдта
Евросоветы парламентон ассамблейы æмхыгъдлæвæрджыты визит Гуырдзыстонмæ райдыдта

Гуырдызстонмæ Евросоветы парламентон ассамблейы æмхæсджыты визит райдыдта. Æмдокладгæнджытæ Клод Керн æмæ Эдит Эстрелла, Евросоветы парламентон ассамблейы цæугæ мониторингы процедурæйы фæлгæтты, бæстæмæ æрцыдысты факттæ сбæрæг кæныны миссийыл æмæ уадзынц сæ фыццаг фембæлд æнæхицауадон секторимæ. Фембæлдыл хайад исы Гурам Рогава – журналист, кæцы протестон акциты рæстæджы фæцæф ис.

Æртæбонон визиты рæстæджы æмхæсджытæ афтæдæр фембæлдзысты æппæт стыр политикон партиты къухдариуæгадимæ, æмбæлон хицауадон бæрнонтимæ æмæ уагдæттимæ.