Евросоветы министрты хæдивджыты комитеты рабадтыл уынаффæ цыд Евросоветы генералон нымæрдары 31-æм консолидацион хыгъдлæвæрдыл «Гуырдзыстоны конфликт»
Евросоветы министрты хæдивджыты комитеты 1527-æм рабадты 2025-æм азы 30-æм апрелы бакастысты Евросоветы генералон нымæрдары 31-æм консолидацион хыгъдлæвæрд – «Гуырдзыстоны конфликт». Сессийы хайад иста æттаг хъуыдтæгты министры хæдивæг Дарсалия Лаша.
Гуырдзыстоны æттаг хъуыдтæгты министрады информацимæ гæсгæ, генералон нымæрдары 31-æм хыгъдлæвæрды уæззау æдасдзинад, адæймагы бартæ æмæ гуманитарон уавæр æвдыст цæуы Гуырдзыстоны Уæрæсейы оккупацигонд регионты æмæ оккупацион хаххыл. Хыгъдлæвæрд æрцæуы афæдз дыууæ хатты æмæ аххæссы 2024 азы октябрæй 2025 азы мартъийы онг.
31-æм Консолидацион хыгъдлæвæрд бавдыста Евросоветы генералон нымæрдар Берсеты Ален.
«Уый хорзыл банымадта Гуырдзыстоны конфликты сабырадон æрбæстон кæныны политикæ æмæ фидарæй сбæлвырд кодта, цæмæй Евросовет йæ мандаты фæлгæтты адарддæр кæндзæн йæ тыгъдад, се æхсæн консолидацион хыгъдлæвæрдты райсты практикæ.
Генералон нымæрдар Гуырдзыстоны Уæрæсейы оккупацигонд регионты уæззау æдасдзинады, гуманитарон æмæ адæймагы барты уавæр, афтæ дæр Гуырдзыстоны æмбæстæгты марындзинад расидтис. «Генералон нымæрдар расидтис сæрмагонд тыхстдзинад оккупацигонд територитæм æппæтдунеон гуманитарон механизмты æрдыгæй бацыды арæнæвæрдты фæдыл, се æхсæн Евросоветы институтты» – ис фыст Гуырдзыстоны æттаг хъуыдтæгты министрады фидиуæны.
«Гуырдзыстоны æттаг хъуыдтæгты министрад хорзыл нымайы Евросоветы генералон нымæрдары 31-æм консолидацион хыгъдлæвæрд æмæ акцент кæны фарста Евросоветы политикон боны фæткы бахъахъхъæныны нысаниуæгджындзинадыл» – ис фыст Гуырдзыстоны æттаг хъуыдтæгты министрады фидиуæны.