Европолæн историйы фыццаг хатт къухдариуæг кæндзæн сылгоймаг. Евроцæдисы совет Брюсселы уагъд рабадтыл Евроцæдисы полицион уагдæтты къухдариуæггæнæджы постыл, Бельгийы Федералон полицийы генералон камисары, Катрин де Боллы снысан кодта.
Ног къухдариуæггæнæг йæ бартæ æххæст кæнынмæ æрывналдзæн 2018 азы фыццаг майæ.
«Ацы постыл мæ сæйраг рард у агентадыл æууæнкы æмæ æнтыстджындзинад сбæрзонддæр кæнын. Уымæй уæлдай æнæмæнгхъæугæ у, нæхимæ æруадзæм баланс уæнг бæстæты оперативон хъæуындзиндты æмæ Европолы ролы æхсæн æдасдзинады æрдгæй, Европолы бонвæткы фæлгæтты» – банысан кодта Европолы ног къухдариуæггæнæг.
48 аздзыд Катрин де Болл профессийæ юрист у. Бельгийы федералон полицийæн уый къухдариуæг кодта 20112 азы.
Европолы къухдариуæггæнæджы снысан кæнынц 4 азы æмгъуыдæй.