Европарламенты дебаттæ ацæудзæн Гуырдзыстоны уæвæг политикон уавæры фæдыл
Европарламенты пленарон сессийы фæлгæтты абон европарламентартæ Гуырдзыстоны уæвæг политикон уавæры тыххæй дебаттæ ауадздзысты.
Боны фæткы фарст Европаг депутатты инициативæйæ слæууыд. Гуырдзыстоны фæдыл раныхасгæнæг æддагон æмæ æдасдзинады фарстæты Евроцæдисы бæрзонддæр минæвар, еврокомиссийы вице-президент Жозеп Борел уыдзæн. Европарламенты пленарон сессимæ ныццыдис Гуырдзыстоны парламентон делегаци.
Дебаттæ ауадзыны онг Гуырдзыстоны делегацийы уæнгтæ европаг коллегæтимæ фембæлдысты. Депутатты информацийæ, зæгъгæ аудиенцийы рæстæджы бæстæйы сырæзт политикон кризис алыгы амæлттæй уæлдай ма, фæныхас кодтой евроцæдисимæ ахастыты бирæ уæрæхдæр спектрыл.
Депутат Гиорги Хелашвилийы фидиуæнæй, европарламенты депутаттæ зæгъгæ сæрмагондæй цымидис кодтой æвзарæнон системæйы реформæйæ. Хицаугæнæг партийы минæвары дзырдæй, зæгъгæ европарламентартæ æмхъæлæсонæй банысан кодтой, цæмæй инициргонд закондæттæн пакет тынг хæстæг у европарламенты цæстæнгасмæ.
Гуырдзыстоны уæвæг политикон уавæры тыххæй, Гиорги Хелашвилийы ныхæстæм гæсгæ, Европаг закондæтджытæ хаххгондæй разы сты хицауад æмæ оппозицийы æхсæн диалогы фарстимæ æмæ процессты парламентмæ бахæссынимæ.
Европаламенты пленарон сесси 8 марты байгом ис æмæ 11 марты фæуыдзæн.