Европарламенты æвзæрстытæ абон райдайынц. Халæппæрст Евроцæдисы уæнг 28 паддзахады цыппар бон аххæсдзысты.
Развæлгъау рафарстытæй зыны, цæмæй Евроцæдисы закъондæттæг органы евроскептик партитыты нымæц райрæздзæн. Фæлæ иртасæнтæ амонынц, цæмæй ультрарахис партитæ доминант тыхæй не суыдзысты.
Рафарстытæй бæрæг у, цæмæй «Европæйы Адæмон Партийы» политикъон къорд мандаттæ фесафдзæн, аналогион амонд Баййафдзæн Социал-Демократты дæр. Прогнозтæм гæсгæ, Лидерал-Демократтты альянс æнтыстмæ æрцæудзæн æмæ мандатты нымæц фæфылдæр кæндзæн.
Куыд æнхъæлынц афтææй, «Европæйы Адæмон Партий» æмæ Социал-Демократтæ иумæ фылдæры хай скæнын нæ бахъом уыдзысты æмæ сæ бахъæудзæн æртыккаг партийы æххуыс.
Æвзæрстыты фæстиуджытæ 26 майы, изæры фæбæрг уыдзысты.