Европарламентари Андрий Галицки – Украинайы, Молдовæ æмæ Гуырдзыстоны дзыллæтæм нын ис  дзæбæх сигнал, сымахæн  нæ дуар гом у
Европарламентари Андрий Галицки – Украинайы, Молдовæ æмæ Гуырдзыстоны дзыллæтæм нын ис дзæбæх сигнал, сымахæн нæ дуар гом у

Украинайы, Молдовæйы æмæ Гуырдзыстоны дзыллæтæм ис дзæбæх сигнал, Евроцæдисы дуар  сымахæн гом у –  уый фæдыл   Польшæйаг  европарламентари Андрей Галицки   рахйъусын кодта.

Афтæма  йæ ныхæстæм гæсгæ, Евроцæдисы уæнгсуæвынæн  бадзырдтæ тагъд райдайдзæн.

«Европæгты  иуæмйаг  парламентæй  украинæгтæм  нæ сигнал у,  цæмæй фæндаг,  процедурæт тынг  цырд ацæудзысты  æмæ бадзырдтæ    тагъд райдайдзæн.  Цæй зæгъын æй хъæуы, ныр сæйраг  у, хæст  афоныл  фæуа.  Уый у  фыццаг рард.   Ис нын æртæ потенцион  ног уæнг, мæ хъуыдйы  дарын  Украина, Молдовæ,  Гуырдзыстон. Æртæ дæр   дзыллæтæм нын дзæбæх сигнал ис – сымахæн  дуар гом у.  Бæрæг у, цæмæй   афон æрлæууыд,  сигнал хъуамæ  уа   дырыс æмæ   æнцонæмбарæн, цыбыр, куыд гæнæн ис  афтæ. Райгонд стæм, цæмæй Гуырдзыстоны, Молдовæйы  æмæ Украинайы  цæрджытæ  суа  иуæймаг  Европаг   тыгъдады  хай.  Мæ  хъуыдымæ  гæсгæ,  уый æрмæст   ацы æртæ ассоциацигонд бæстæйы æдасдзинады  фарста нæ фæлæ   у  æнæхъæн Европæйы  æдасдзинады фарста,  уымæн æмæ украинæгтæ сæрмагонд   тохæй  хæцынц  æнæхъæнæй  Европæйы  тыххæй» –  райхъусын кодта Галицки.