Европарламент Уæрæсе æмæ Азербайджаны президентон æвзæрстытæм цæстдарæг делегаци нæ арвитцæн

Европарламент Уæрæсе æмæ Азербайджаны президентон æвзæрстытæм сæрмагонд бæрнонтæ нæ арвитцæн- уый фæдыл фыст ис демократи æмæ æвзæрстыты координиргонд къорды æмсæрдарты Девид Макалистер æмæ Линда Маккевены расидæны, кæцы Европарламенты официалон веб-фарсыл у парахатгонд.

Расидæны ис фыст, цæмæй Европарламент нæ дардзæн йæ цæст Уæрæсе æмæ Азербайджаны президентон æвзарæнон процесстæм æмæ нæдæр æвзæрстыты фæстиуджытæм. Кæд æмæ искæцы депутат афæндараст уыдзæн Уæрсе æмæ Азербайджанмæ уый уыдзæн сæрмагонд инициативайæ рацæугæ.

Расидæны афтæ дæр ис фыст, цæмæй Европарламенты официалон позици Азербайджаны æвзæрстыты фæдыл уыдзæн фыст Евроцæдис æмæ Бакуйы æхсæн æммахастыты фæдыл хаццæгы, кæцы Европарламенты пленарон сесийыл уыдзæн ист.