Европарламент, оккупацигонд Гуырдзыстон æмæ Украинайы регионты Уæрæсе лæвæрд паспортты æмæ æндæр бæлццонон документты нæрайсгæдзинады фæдыл уынаффæимæ сразы ис
Европарламент Гуырдзыстон æмæ Украинайы оккупацигонд регионты Уæрæсейы лæвæрд паспортты æмæ æндæр бæлццонон документты нæрайсгæдзинады фæдыл уынаффæимæ сразы ис.
Сæрмгаондæй та, уынаффæйæн йæ фарс рахæцыдысты 531 депутат, авдæй йæ ныхмæ рацыдысты, 34 та хъæлæскæнынæй сæхи фæурæдтой.
Æнхъарæнмæ гæсгæйæ, «Комисси хъуамæ ацæуа консультаи Евроцæдисы уæнг бæстæтимæ æмæ бакуса æххæст бæлццонон документты номхыгъд, кæцытæ ма хъуамæ уа ист, фæлæ Украинайы конфликтæй алидзгæ уæнгтæн сæ бон уыдзæн гуманитарон нысанæн Евроцæдисмæ бахизын».
Хъæлæскæныны фæстæ, раныхасгæнæг Хуан Фернандо Лопес Агилар райхъусын кодта, цæмæй «Европарламент цæттæ у, алцыппæт сараза цæмæй адарддæр кæна æлхъывд Уæрæсейыо барадон æмæ политикон фæрæзтй, цæмæй бæлвырд базона, Путин бафиддзæн бæрзонд аргъ æнæзакъонон хæсты тыххæй, Украиан æмæ йæ адæмы ныхмæ æхсæнадæмон фыдракæнды тыххæй».
Уынаффæ Евроцæдисы советы официалонæй куы райсдзæн уый фæстæ, Евроцæдисы официалон журналы публикацийы дыккаг бонæй бахиздзæн йæ тыхмæ.