Европаг Советы президент, афтæма Австрийы, Латвийы, Эстонийы æмæ Лиетувæйы хицауадтæ Уæрæсейы хицауадмæ æрсидтысты Алексей Навальныйы ссæрибар кæнын
Европаг Советы президент Шарль Мишель, афтæдæр Австрийы, Латвийы, Эстонийы æмæ Лиетувæйы хицауадтæ Уæрæсейы хицауадмæ æрсидтысты Алексей Навальныйы ссæрибар кæнынмæ.
Шарль Мишелы фидиуæнæй, уырыссаг оппозиционеры æрцахст нæрайсгæ у æмæ æнæаргъæвгæйæ хъуамæ ссæрибар уа.
Австрийы фæсарæн хъуыддæгты министрад Алексей Навальныйы æнæаргъæвгæйæ хъуамæ ссæрибар уа æмæ йæм лæбурды фæд равзарын домы.
Параллелонæй иуæмйаг фыстæг публикаци кæнынц Латвийы, Эстонийы æмæ Лиетувæйы хицауадтæ, кæцыйы банысангонд у, цæмæй кæд Уæрæсе Навальныйы не ссæрибар кæндзæн, уæд Евроцæдис санкциты фарстытæ хъуамæ æркæса.
Æхсæнадæмон организаци «Амнести Интернейшнл» Алексей Навальныйы схуыдта намысы ахæстæй.
Уырыссаг оппозиционер, Алексей Навальныйы барадхъахъхъæнджытæ Мæскуыйы «Шереметьевойы» аэропорты æрцахстой. Уæрæсейы Федералон пенитенцион куысты фидиуæнæй, Алексей Навальныйы æрцахстой фæлварæн æмгъуыды домæнтæ систематон халыны тыххæй.